Саломэ Зурабишвили украинаг хæдтæхæджы катастрофæйы фæстиуæгæн фæмардуæвджыты бинонтæн тæфæрфæс кæны
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Украинаг хæдтæхæджы катастрофæйы фæстиуæгæн, фæмардуæвджыты бинонтæн æмæнкъард сиды. Уый фæдыл Саломэ Зурабишвили «Твиттеры» фыссы.
«Ныхæстæй нæй гæнæн уыцы хъыгдзинад равдисын Украинайы авиахаххыты хæдтæхæджы катастрофæйы тыххæй. Мæ арф хъыгдзинад æмæ æмæнкъард фæмардуæвджыты бинонтæн æмæ хæлæрттæн»,- фыссы Саломэ Зурабишвили.
Украинаг авиалайнер Тегераны аэропортмæ хæстæг, йæ стæхынæй дыууæ минутмæ æрхаудта. Бортыл уæвæг адæмæй ничи аирвæрзт. Фæстаг информацийæ, хæдтæхæджы бадтис 170 адæймаг. Развæлгъау версийæ, авиакатастрофæйы аххос, хæдтæхæг техниконæй æнæрæвдз уыд.