Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Киевы цæрджытæн арфæ кæны сæйраг горæты бон.
Уый фæдыл Саломэ Зурабишвили «фыссы «Твиттеры».
«Арфæ уын кæнын Киевы бон! 1 540 аздзыд аив, еропæйаг горæт, кæцыйæн йæ фидæн у рухс æмæ хъайтарон, куыд йæ истори афтæ. Арфæ кæнын Киевы цæрджытæн, кæцыты æнусон фæразондзинад дарддæр цырын кæны ныфс æмæ цæвиттойнаг у», – фыссы Саломэ Зурабишвили.
Абон 29 майы, Украинайы Киевы бон бæрæгбон кæнынц. Киевы бон фыццаг 1982 азы горæты 1500 азы юбилейыл снысан кодтой.