Саломэ Зурабишвили – тынг хъыг мын у Буба Кикабидзейы мæлæт, йæ сфæлдыстад стыр фæд ныууагъта, аивадуарзджыты зæрдæты
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Вахтанг (Буба) Кикабидзейы мæлæты тыххæй хъыгзинад æвдисы.
«Тынг хъыг мын у гуырдзиаг культурæйы номдзыд аивадархайæгы Буба Кикабидзейы мæлæт.
Йæ сфæлдыстад æмæ аивад сæрмагонд фæд ныууагъдтой бирæнымæцон уарзджыты зæрдæты. Тæфæрфæс кæнын йæ бинонтæн, хæлæрттæн æмæ хæстæджытæн», – фыссы Саломэ Зурабишвили социалон хызаджы.
Зарæггæнæг, киноартист, режиссер, сценарист, Гуырдзыстоны адæмон артист Вахтанг (Буба) Кикабидзе, 84 азы кары амард.