Саломэ Зурабишвили Техасы скъолайы æрцæугæ факты тыххæй тæфæрфæс кæны америкаг адæмæн
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Техасы скъолайы æрцæугæ факты кой кæны æмæ америкаг адæмæ мæссæллытæ дзуры. Фидиуæны преиздент публикаци кæны социалон хызаг «Твитеры».
«Æбуалгъ трагеди Техасы. Сывæллæтты æнæрхъуыды, æбуалгъ марындзинад. Ахæм тыхмидзинады фæдыл ныхæстæ бацагурын дæр зын у. Мæсæллы дзурын амæттæгты бинонтæн, Увалды æхсæнадæн æмæ америкаг адæмæн» – фыссы Саломэ Зурабишвили.
Фæстаг бæрæггæнæнтæй, Техасы иуæй-иу скъолайы бырсты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 21-ы онг сырæзт. Амард 19 сывæллон æмæ дыууæ æххæстадзыд адæймаг.