Саломэ Зурабишвили - Сидын Уæрæсейы къухдариуæгадмæ,  ма бакомæт эскалацийæн
Саломэ Зурабишвили - Сидын Уæрæсейы къухдариуæгадмæ, ма бакомæт эскалацийæн

Сидын Уæрæсейы къухдариуæгадмæ,  ма бакомæт эскалацийæн –  райхъусын кодта Гуырдзыстоны президент, Саломэ Зурабишвили абон уагъд  брифингыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ,  сабырадон   политикæ  у  иунæг фæндаг  бæстæйы æмæ регионы  стабилондзинад æрфидар кæнынæн.

«Сидын Уæрæсейы къухдариуæгадмæ,  ма бакомæт  эскалацийæн. Парадокс  уыдзæн  кæд  сыхаг  бæстæ  йæ хи сæрмагонд характеристикæйæ, «радикалон»  тыхтæй лæвæрд   провоцирдзинадæн ратдзæн дзуапп  æмæ уымæй  деструкцион нысæнттæ баахъаз кæндзæн.  Фæнды мæ  бахахх кæнын уый дæр,  цæмæй нæ  сабырадон  политикъæ  у  иунæг фæндаг   бæстæйы  æмæ регионы  стабилондзинад химæ æруадзынæн.

Сидын не  æмбæстæгтæм, кæцытæ  цæрынц Уæрæсейы – æз сымах президент дæн  æмæ уæ фарн  махæн  тынг нысаниуæгджын у. Зонын, цæмæй  хицауад  архайы  алцыппæт саразын, цы  саразын ис гæнæн лæвæрд уавæры, цæмæй адарддæр кæнат сабырæй æмæ стабилонæй  цæрын.

Æмæ фæстагмæ,  сидын нæ уазджытæм –  Гуырдзыстон историонæй   толерантондзинады  символ у æмæ не руадздзыстæм, цæмæй  ацы  традици хæлд  æрцæуа.

Бæстæйæн  сеппæтæй   карз периоды  дæр,  не æрцыдис  иунæг инцидент, кæцы   тасы бын бакодтаит  Гуырдзыстоны цæрæг   фæсарæйнаг   æмбæстæгты æмæ  уазджыты æмæ афтæ уыдзæн дарддæр дæр», – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.