Саломэ Зурабишвили раздæхтис Гуырдзыстоны минæвæрттæм -  Хуымæтæг æмбæстæгтæн  æнахуыр æвзæрстытæ  26 октябры уыдзæн, фæлæ сымахæн æвзæрсты  афон ныридæгæн æрлæууыд
Саломэ Зурабишвили раздæхтис Гуырдзыстоны минæвæрттæм - Хуымæтæг æмбæстæгтæн æнахуыр æвзæрстытæ 26 октябры уыдзæн, фæлæ сымахæн æвзæрсты афон ныридæгæн æрлæууыд

Хуымæтæг æмбæстæгтæн  æнахуыр  æвзæрстытæ  26 октябры   ацæудзысты, фæлæ сымахæн, æвзæрст саразыны афон  ныридæгæн  æрлæууыд, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны президент  Саломэ Зурабишвили  райхъусын кодта æмæ Гуырдзыстоны  минæвæрттæм раздæхтис.

Саломэ Зурбишвилийы дзырдæй, зæгъгæ минæвæрттæн  фæсарæнты  стыр бæрн ис, уымæн æмæ уыдон  сты Гуырдзыстоны номæй, арайынц  йæ  интерестæй,  сты  йæ  ивгъуыды   æмæ  фидæны  минæвæрттæ.

«Гуырдзыстоны минæвæрттæ,  сидын уæм сæрмагондæй  сымахмæ.   Сидын уæм, уымæн æмæ  ныры онг  нæдæр дипломатийы æмвæзыл, нæдæр амбасадориалыл, нæдæр  кæцыфæнды æндæр мадзалыл  мæм  нæ уыдис фадат, баздæхтаин сымахмæ.  Хæдæгай,  æндæр бæстæйы  мæ куы  бахъæуы  уæвын, уым дæр бæрæг  ахосæгтæй, нын ны рауайы  фембæлын.  Абон хъæугæйыл банымадтон, цæмæй  уæм раздæхтаин,. Уымæн æмæ   сымах  Евроцæдисы бæстæты   нæ алы  минæвар знон æмæ  абон  æмбырд стут Берлины, Германийы  сæйраг горæты, Европæйы  тæккæ астæу. Уыцы бæстæйы,  кæцы  стыр роль  сыххæст кодта   Гуырдзыстоны   европаг  фæндагыл, кæцы  Гуырдзыстоны хæдбарады фыццаг бонæй нæ  фарсхæцæг у æмæ æнæхъæн ацы  фæндагыл  нæ  фарсмæ уыд æмæ нын æххуыс кодта. Бæстæ, кæцы  стыр  роль сыххæст кодта  нæ  ассоциацидзинады   уынаффæйы  рæстæджы, афтæма визалиберализацийы, æмæ фæстагмæ, ацы  фæстаг уынаффæйыл, кæцымæ  гæсгæ нæм лæвæрд уыд кандидаты статус.  Сымах раст  уым стут,  ацы  тæккæ астæу Европæйы æмæ уым  хъусут гæдыныхæстæм.  Гæдыныхæстæм уый фæдыл, цæвиттон нæ Европаг фæндаг дарддæр кæны, нæ  партнерты  фидиуæнтæм нæкæсгæйæ,   цæвиттон Гуырдзыстон 2030 азы (æви кæд нæ зонын)  уæддæр бафæраздзæн  Евроцæдисы  уæнг суæвын.

Æз уыдтæн Швеæцарийы  сабат-хуыцаубоны,  цы ран  практиконæй алы   Европаг   лидеримæ фембæлдтæн æмæ мæ уыдон фарстой, цы нысан кæны уый, цæмæй «Гуырдзыстон  уæддæр суыдзæн евроцæдисы  уæнг», цыдам нысан кæны «Уæддæр»  уымæ нæкæсгæ  æмæ  исы  уырыссаг закъонтæ æмæ æнæрмæст иу  закъон, уымæ нæкæсгæ æмæ нæ хъусы  иунæг рекомендацимæ дæр æмæ йæхæдæг не ххæст кæны  иунæг реформæ, кæцы хъæуы  ацы фæндагыл. Растдæр абон, Молдовæйы президент (иунысанонæй хæлæг дæр кæнын) йæ кхух бафыста  барамындыл, делегацийы  сконды фæдыл, кæцы  иннæ къуырийы  уæнгсуæвыны бадзырдтæ  райдайдзæн æмæ ныр ацы уавæры  хъуамæ уыдаиккам мах. Уый сымахæн уыцы хъуыддаджы растæй  сыххæст кæнын уыдаит, кæцы ныры онг  арызтат, уымæн æмæ  дзæбæх  зонын, цæмæй сымах уыцы профессионал  дипломаттæ стут (æппынкъаддæр фылдæры хай уæддæр), кæцытæ ныры онг  растдæр нæ  Европаг  фæндагыл куыстат æмæ кæцытæн уын стыр хайбавæрд ис уыцы æнтысты, кæцы нæу  кæцыфæнды иу  хицауады  сæрмагонд. Нæ дипломатийы æнтыст у, цæмæй фæхæццæ стæ кандидаты  статусмæ æмæ уыимæ иумæ, нæ адæмы  сгуыхтдзинад у  – ацы хъуыддагæн хæъуы  профессионалты æмæ   адæы  бар.   Æмæ абон цы  цæуы, уый у  гадзрахатдзинад  профессионализмыл, уыцы  адæмыл, кæцытæ  фыццаг бонæй, хæдбарадæй æмæ уæдмæ дæр, растдæр ацы  Европаг фæндагмæ бæллыдысты. Уый тыххæй  мын риссы  абон  мæ зæрдæ  уæ бæсты æмæ сымахыл, цæмæй ацы уавæры  стут, æнæмбаргæ  уавæры,  иу  цыдæр куы хъуамæ зæгхат æмæ   уæ  уырнгæ  та  бынтон æндæр кæны.  Куыдæриддæр уа, ныфс мæ ис, цæмæй  уæ  ныры онг  цы  уырныдта,  уый  уæ  уырны  ныр дæр. Фæнды мæ  уыцы  хъуыддаджы уон уырнæг.  Æцæг  у  паддзахадон гæстæй нæ домынц  цыдæр формæйæ  бæрн сисой ууыл цы  сын  амонынц,  фæлæ фæсарæйнаг бæстæты  минæвæрттæ, æмæ уæлдай дæр евроцæдисы, кæцытæ абон Гуырдзыстонæй  сты,   не сты хуымæтæг  уавæры, нæ сты  хуымæтæг паддзахадон гæстæн æмæ сыл  бирæ фылдæр бæрн ис æвæрд, уымæн æмæ   уыдон сты  кæцыдæр  хицауады нæ фæлæ,   бæстæйы  номæй. Хицæуæдтæ æрцæуынц æмæ ацæуынц.  Сымах стут   бæстæйы минæвæрттæ,  хъахъхъæнут йæ интерестæ, йæ  ивгъуыд, йæ фидæн æмæ   уый у  егъау  бæн.  Уый тыххæй,  уын ницы  амонын æмæ нæдæр  дзурын, фæлæ мæ фæнды зæгъын уын, цæмæй  хуымæтæг æмбæстæгтæн   æнахуыр æвзæрстытæ 26 октябры ацæудзæн, фæлæ  сымахæн  Æвзæрсты афон Ныридæгæн Æрлæууыд», – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.