Саломэ Зурабишвили – æхсæнадæмон арæныл чи ахиздзæн, уый у хæст чи райдайы уый
Æхсæнадæмон арæныл чи ахизы уый у, хæст чи райдайы ахæм =- уый фæдыл Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили абоны прессконференцийыл журналисты фарсты дзуаппæн загъта.
Ачъарайы Æхсæнадон Уацхæссæджы журналист Вахо Хузмиашвили президентæн бафарста йæ фидиуæнæй цитатæ, кцыйы Саломэ Зурабишвили дзырдта: «Дæ территорийыл, дæ цæрджытыл массивон бомбæкалды райдайын, цы хуыйны, æнæзонддзинад, æрра президенты фæнд æви цыдæр æнахуыр, зынæмбарæн бадзырд нæ æнусон згнагимæ?»
Хузмиашвили президенты бафарста, куыд у йæ бон фæнысангонд фидиуæны адресатимæ, кæй тыххæй дзырдта, цæмæй сæрмагонд цæрджытыл бомбæкалд сыххæст кодта, сæрмагонд сывæллæтты ныццагъхдта, иу фынгы цур бадын?
Саломэ Зурабишвили «журналисты» фарсты дзуаппæн райхъусын кодта, цæмæй йæ арызт фæнысангонд фидиуæн нæ нысан кæны уый, цæмæй 2008 азы Гуырдзыстон райдыдта хæст.
«Уыцы ныхæстæ, цы бакастыстут нæ нысан кæнынц, цæмæй мах райдыдтам хæст. Кæнæ та истори хъуамæ зонат, кæнæ географи. Географи уый нысан кæны, цæмæй æхсæнаæмон арæныл чи ахиздзæн уый у хæст чи райдыдта уый. Ам дзырд уыдис æндæр цæуылдæр, мид политикæйыл, уыцы фыдракæнды кæны гæнæн ис ракодта, фæлæ ууыл «Оцнеба» нæ райдыдта фæдагуырд. Бынтон æндæр цæуылдæр райдыдта, пиджактыл æмæ æндæр цыдæртыл. Цы æрдцыд КЪодоры комы, цы æрцыд Цхинвалы, фæлæ уый, цæмæй агресси Гуырдзыстоны Уæрæсе райдыдта йеуæд, Украинайы куыд райдыдта афтæ, адон бынтон æндæр æмæ æндæр цыдæртæ сты. Иу æххæссы геограифмæ, дыккаг историмæ. Уый у алчи цы хъуамæ зона ахæм, æмæ ма хъуамæ схæццæ гкæнæм кæрæдзийы мидæг принциптæ. Принцип уый мидæг ис, цæмæй мах зонæм, нырыккон историйы знаг у Уæрæсе, кæцы уæ «оцнеба» куыд йыл зыны фперох кодта» – райхъусын кодта Зурабишвили.