Саломэ Зурабишвили  Орбелианиты  галуаны сенатор Джин Шахин æмæ конгрессмен Майк Тернеримæ  фембæлдис
Саломэ Зурабишвили Орбелианиты галуаны сенатор Джин Шахин æмæ конгрессмен Майк Тернеримæ фембæлдис

Гуырдзыстоны  президент  Саломэ Зурабишвили   абон  Орбелианиты  галуаны   америкаг  сенатор жин Шахинимæ æмæ   конгрессмен   Майк Тернеримæ   фембæлдыл фæныхас кодта  бæстæйы  уæвæг политикон уавæрыл, октябры  æвзæрстытыл, оккупаицгонд  территоритыл цæугæ  фæзындтыл  æмæ Сау Денджызы   регионы æдасдзинадыл.  Информаци уый фæдыл Гуырдзыстоны   президенты   пресскуыст  хъусын кæны.

Информацимæ гæсгæйæ  фембæлдыл   сенатор   Шахин æмæ конгрессмен Тернер  сбæлвырд кодтой Аиш-ы  æнæфæцудгæ фарсхæцын Гуырдзыстоны суверенитеты, территорин æнæхъæндзинады æмæ евроатлантикон   тырнынадæн.

«Уыдон банысан кодтой, цæмæй  специалонæй æрцыдысты  Гуырдзысонмæ æмæ уый  нæу   регионон  визит.   Растдæр уый равдисынæн   æмæ сбæлвырд кæнынæн  æрцыдысты, цæмæй  уыдон   стыр  нысаниуæг  дæттынц  æмæ йæ  фарс хæцынц   Гуырдзыстоны демократон фидæнæн æмæ райрæзтæн.   Уыдон ма бахахх кодтой  цæмæй   Гуырдзыстоны æмæ гуырдзиаг адæммæ кæддæриддæр уыдис æмæ уыдзæн  дыууæпартион фарсхæцын   АИШ-æй, кæцы   æнæхъæнæй бæстæйы  фарсхæцын нысан кæны.   Уыдон бæрзонд аргх скодтой  президенты сæрмагонд тыхархайдæн, Гуырдзыстоны   евроатлантикон  интеграцийы  фæндагыл.

Сенатор Шахиин  æмæ Конгрессмен  Тернер   карз аргъ скодтой  хицаугæнæг тыхы  арызт къахдзæфтæн, цахæмдæр  у  уырыссаг  закъон кæцы  знаггад кæны  гуырдзиаг  демократийæн, Гуырдзыстоны  еропаг фæндагæн æмæ дыууæфарсон  ахастытæн.  Фарсытæ бахахх кодтой  знаггадгæнæг  антиныгуылæйнаг   риторикæ» –   банысангонд у информацийы.

Президенты пресскуысты  хъусинагæй,  ныхас  уыд  октябрмæ плангонд æвзæрстытыл.  Президент банысан кодта, цæмæй ацы  æвзæрстытæн Гуырдзыстоны европаг фæндагы æмæ демократон   фидæнæн референдумы нысаниуæг ис» – банысангонд у  информацийы.