Саломэ Зурабишвили – нысаниуæгджын фембæлд мын уыд Гитанас Науседаимæ, Лиетувæ кæддæриддæр йæ фарсмæ фидар лæууыд Гуырдзыстонæн, бузныг фарсхæцыны тыххæй
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Вильнюсы Лиетувæйы президент Гитанас Науседаимæ фембæлдис. Фæнысангонды фæдыл Зурабишвили фыссы «Твитеры».
«Нысаниуæгджын фембæлд мын уыд президент Гитанас Науседаимæ, Гуырдзыстоны рагон хæлар æмæ æмцæдисонимæ. Евроцæдисмæ интеграцийы фæндагыл Гуырдзыстонæн ацы скуыддзаггæнæг моменты, сымахæй нæм аргъ кмæн нæй ахæм стыр æххуыс ис.
Лиетувæ кæддæриддæр хъæддых лæууыд Гуырдзыстонæн йæ фарсмæ. Бузныг уын уæ нысаниуæгджын фарсдарыны тыххæй», – фыссы Гуырдзыстоны президент.