Саломэ Зурабишвили- НАТО-йаг партнертæн алкæмæн фæлхатгæ дзурдзынæн, цæмæй Гуырдзыстоны фæнды æмæ цæттæ дæр у альянсы уæнг суа
Иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй Гуырдзыстоны НАТО-йы уæнгсуæыны фæндонимæ разы сты алы политикъон тых, цæрджытæ, Гуырдзыстоны абоны хицауад æмæ афтæдæр, чидæриддæр фидæны уыдзæн бæстæйы сæргъы уыдон – уый фæдыл Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили НАТО-ы генералон нымæрдаримæ Йенс СТолтенбергимæ фембæлды фæстæ иумæйаг пресс-конференцийыл райхъусын кодта.
Фыццаг Къаналы фарстыл – цы плæнттæ ис æмæ куыд хъавы бауырнын кæнын натойаг партнерты, цæмæй Гуырдзыстон цæттæ у альянсы уæнг суæвынмæ, Гуырдзыстонмæ гæсгæ уынаффæ хъуамæ райсой фидæны нæ фæлæ ма абон Саломэ Зурабишвили райхъусын кодта, цæмæй Гуырдзыстон зæгъгæ райста скуыдздаг æмæ ныффыст бæстæйы альянсы уæнг суæыны фæдыл арызт у Гуырдзыстоны конституцийы.
«Афтæмæй нæй гæнæн тырнынады, политикон фæндыл амæй фидардæр сигнал уа. Иттæг нысаниуæгджын у цæмæй ацы фæндонимæ разы сты алы политикон тых, цæрджытæ, Гуырдзыстоны абоны хицауад æмæ афтæдæр уый чидæриддæр бæстæйы сæргъ фидæны слæудзæн. Ацы консессусы тыххæй ныхас кæндзынæн алы партнеримæ, кæцыйимæ фембæлдзынæн дыууæфарсон форматы. Сфæлхатт кæндзынæн цæмæй Гуырдзыстоны фæнды æмæ Гуырдзыстон цæттæ у, Гуырдзыстон ауагъдта алы хъæугæ реофрмæ, кæцы йæ æдомттой» – банысан кодтьа Саломэ Зурабишвили.
Йæ ныхæасмæ гæсгæ, ай зæгъгæ нæу фæндон, кæцы æрмæст дзырдæй деклариргонд у.
«Æз æркурдзынæн абон цæуыл фæныхас кодтон уый, цæмæй мах цæттæ стæм. Ис реалондзинад, кæцыйы тыххæй рагæй æнхъæлмæ кæсæм амæ. Æнхъæлмæ кæсæм æмæ иурæстгонæй нæ фæнды фылдæр НАТО, фылдæр æмгуыстад, фылдæр æдасдзинад. Сау Денеджызы æдасдзинад у æмкуыстдзинады модел» – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.