Саломэ Зурабишвили - НАТО-Гуырдзыстоны комиссийы рабадт министрты æмвæзадыл хъуамæ ацæуа
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили абон НАТО-йы генералон нымæрдар Йенс Столтенбергимæ телефионæй аныхас кодта. Ныхасы рæстæджы афæлгæстой сырæзт уæззау уавæр æмæ НАТО-йы генералон нымæрдар сегасдæр бæрзонд аргъ скодта вирусы фæдыл Гуырдзыстоны хицауады тыхархайдтæн æмæ сæ тынг эффективонæй схуыдта.
Информаци ахæлиуы кодта Гуырдзыстоны президенты пресс-куыст.
Гуырдзыстоны президенты дзырдæй, зæгъгæ пандемийæ расайгæ кризисмæ æнæкæсгæ, тынгдæр кæны Гуырдзыстоны æмахаст Евроцæдисимæ æмæ НАТО-имæ. Йенс Столтенбергы фидиуæнæй, зæгъгæ Гуырдзыстон НАТО-йы партнер бæстæ у æмæ нысаниуæгджын у фæтынгдæр кæнæм иуæймаг куыст.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ вирусы аххосæй сæвзæргæ кризис ма хъуамæ феста æдасдзинады кризисæй. Саломэ Зурабишвили ныфс разагъдта, ома пандемийы тыххæй Европæйы НАТО-йы масштабон ахуырты хай аргъæвдмæ æнæкæсгæ, уый фидæны азы дæр ацæудзæн, æмæ пълагонд куыд уыдис, афтæ Гуырдзыстон дæр сфысым кæндзæн ахуыртæн, кæцы хæстæг партнерады æмæ мæкуысткæнынады амонæг у.
Саломэ Зурабишвилийы куырдиатæй, зæгъгæ Гуырдзыстон НАТО-имæ дыууæ сæйраг приоритетон ардæмадæй кусы – Сау Денджызы æдасдзинад, кæцы нысаниуæгджын у, æнæ æрмæст Гуырдзыстонæн, фæлæма НАТО æмæ Евроцæдисæн дæр æмæ киберæдасдзинад.
Столтенбергы фидиуæнæй, зæгъгæ Сау Денджызы æдасдзинады тыххæй фарсытæ фидæл информаци хъуамæ зонын кæной кæрæдзийæн æмæ коронавирусы пандемийы фæуды фæстæ, фылдæр пълантæ хъуамæ сæххæст кæной. НАТО-йы генералон нымæрдар хаххгондæй банысан кодта, Афгъанистаны НАТО-Гуырдзыстоны æмкуысткæнынады нысаниуæг, Сегасдæр бæрзонд аргъ скодта ацы æмкуысткæнынадæн æмæ миссийы Гуырдзыстоны æфсæддæтты хайбавæрд та схуыдта хъæддыхæй.
Гуырдзыстоны президент ма банысан кодта, цæмæй НАТО-Гуырдзыстоны комиссийы рабадт министрты æмвæзадыл хъуамæ ацæуа.