Саломэ Зурабишвили - Мах кæронмæ хъуамæ сæххæст уæм куыд паддзахад, æмæ уый тыххæй та æнæмæнгхъæугæ у нæ арæнтæ сæрæй сбæлвырд кæнæм æмæ стæй та сæ хъахъхъæды кой кæнæм
Мах кæронмæ хъуамæ сæххæст уæм куыд паддзахад æмæ уый тыххæй та æнæмæнгхъæугæ у нæ арæнтæ уой сæрæй бæрæг, стæй та хъахъхъæд, – уый фæдыл Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы алæвæрд «Сæрибар Цæстæнгасæн» лæвæрд интервьюйы, Давит Гареджийы тыххæй фарсты дзуаппæн загта.
Президент хъусдард разæхта нæ сыхæгтимæ, Азербайджанимæ æмæ Сомихыстонимæ арæйнон æнæбадзырд арæйнон фадгуытыл. Президенты дзырдæй, камистæ куыстой ацы æрдæм, бахæццæ сты кæцыдæр этапмæ æмæ стæй та процесс фæлæууыд.
«Зынæмбаргæ у, сыхаг бæстæты æхсæн кæронмæ цæмæн ма хъуамæ сыххæст кæнæм ацы процесс æмæ растдæр афтæ уыд дыууæдæр бæстæйы президенты бадзырд уый фæдыл, цæмæй æнæмæнгхъæугæ у æмæ нæ камистæ райдайæт ацы æрдæм кусын, кæцы фактонæй ерын цæуы æмæ æнæмæнгхъæугæ дæр у», – райхъусын кодта Зурабишвили.
Саломэ Зурабишвили банысан кодта, цæмæй ацы процессы фæстиуæгы хуызæй æнхъæлмæ кæсы арæнты фарста бадзырд скæнынмæ.
«Цахæм уыдзæн бадзырдты фæстиуæг, уыдзæн арæн, кæцыйы тыххæй æрыныхас кæндзыстæм. Мæ бон зæгъын нæу ерын æмæ нæдæр раст уыдаит куы зæгъин уæд, зæгъгæ ауылты хъуамæ уа, кæнæ ууылты арæйнон хахх, фæлæ бæрæг у уый, цæмæй нæ паддзахадæн æмæ фидæнæн ацы этап æнæмæнгхъæугæ у. Мах кæронмæ хъуамæ сæххæст уæм куыд паддзахад, æмæ уый тыххæй та æнæмæнгхъæугæ у нæ арæнтæ сæрæй сбæлвырд кæнæм æмæ стæй та сæ хъахъхъæды кой кæнæм. Иннæ рдæм нæй гæнæн. Сæрæй хъахъхъæд æмæ стæй та сæ бæрæг кæнæм, уыцы хъуыддаг бирæ маст æрхæсдзæн», – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.