Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Францмæ кусæн визит райдыдта.
Зурабишвили йæ фыды инициативæйæ амад аргъуанмæ бацыд æмæ йæ хъæбултимæ иумæ нылæууыдысты Хуыцаумæскуывдмæ.
Президент уый фæстæ Левилмæ араст ис, цы ран йæ ныйарджыты ингæнмæ дидингуытæ бахаста æмæ Левилы шато абæрæг кодта.
«Тынг сæрмагонд æнкъарæн у . Гыццыл куы уыдтæн æмæ хаттæй-хатт, сабат-хуыцаубон ам куы хъазыдыстæм, уæд никуы ахъуыды кодтаин, цæмæй иу бон æрцæуин æмæ æрыздæхин куыд Гуырдзыстоны президент афтæ. Царды мидæг бирæ хабæрттæ æрцæуынц æнæнхъæлæджы» – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.