Саломэ Зурабишвили мадæлон æвзаджы боны фæдыл специалон фидиуæн ахæлиу кодта
Паддзахадон æвзаджы бон хауы, уыцы сегасдæр ахсджиаг датæты нымæцмæ, кæцытæй Гуырдзыстонæн йæ бон бацис сæрмагонд идентондзинад бахъахъхъæнын, паддзахаддзинад фервæзын кæнын æмæ стынг кæнын æмæ цæй фæрцы дæр абоны онг æрхæццæ ис, – уый фæдыл Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Орбелианиты галуаны мадæлон æвзаджы бонмæ нывонд мадзалыл райхъусын кодта.
«Зæгъæн ис, цæмæй 9178 азы 14 апрелæй райдайы нæ цыд советон оккупацийæ хи суæгъд кæныны æмæ хæдбарадмæ. Конституцийы паддзахадон æвзаджы статус бахъахъхъæнын æмæ уæлдай кæй нæ ауагъдтам уый, кæцы сæвзæрын кодта националон змæлд, æмиас у историон датæтæ æмæ уæлахиздзинадимæ – 1917 азы аргъуаны автокефалийы сæндидзын кæнын, 1918 азы æмæ 1991 азы хæдбардзинады фæдыл акты райстимæ. Ацы уæлахиздзинæдтыл лæууы абон дæр нæ паддзахад. 221 азы архайдта Уæрæсе Гуырдзыстонæн байстаит падддзахадон æвзагдæр æмæ хæдбарад дæр, фæлæ нæкæсгæ русификациимæ æнæмсæр тохмæ, Гуырдзыстонæн йæ бон баис хæдбарадимæ иумæ фервæзын кодтаит йæ 16 æнусон литературон бындарад, бахъахъхъæдтаит æртæ гуырдзиаг абетæ æмæ ацы рæстæджы, гуырдзиаг æвзаджы модернизаци дæр скодтаит» – райхъусын кодта Гуырдзыстоны президент.
Саломэ Зурабишвилийы дзырдæй, зæгъгæ гуырдзиаг культурæйы ныхмæ хæст Уæрæсе дарддæр кæны абон абхазы.
«Уырыссаг оккупацион режимы фæстиуæгæн Абхазы æмхуызонæй арæн кæны куыд абхазаг, афтæ гуырдзыйаг æвзаг дæр. Афæдзæй-афæдзмæ къаддæр кæны абхазаг æвзагыл ныхасгæнджыты нымæц. Гали æмæ йæ алыварс хъæуты та цæрæг гуырдзыæгтæн тобæ кæнынц гуырдзыйаг æвзагыл ахуыр кæнын», – райхъусын кодта уый.
Саломэ Зурабишвилийы фидиуæнæй, растдæр русификацийы дыууæсæдæазон политикæйы фæтсиуæг у уый, цæмæй Кавказаг бинонты æвзæгты фылдæр фæтаруыны тасы раз лæууынц. Афтæма йæ дзырдæй, абон Украина дæр сæрмагонд æвзаджы тыххæй хæцы.
Абон тынг æбуалгъ уавæрты Украина хæцы сæрмагонд зæххы æмæ паддзахад фервæзын кæнынæн, хæцы сæрмагонд æвзаджы тыххæй. Мах сæ фарсмæ лæууæм æмæ зонæм, цæмæй ахæм хъæддыхдзинады фæрцы, гæнæн цæмæн нæй уый саразын дæр бафæраздзысты. Ацы бон нывонд кæнæм уыдонæн», – рахйъусын кодта Саломэ Зурабишвили.