Саломэ Зурабишвили хъусын кæны, цæмæй Конституцион тæрхондоны йæ минæвæрттæ уыдзысты Тамар Чугошвили æмæ Майя Копалеишвили
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили хуъсын кæны, цæмæй конституцион тæрхондоны йæ минæвæрттæ уыдзысты Тамар Чугошвили æмæ Майя Копалеишвили.
«Мæ æххæст æууæнк конституцион тæрхондоны мæ дыууæ минæварæн – Тамар Чугошвилийæн æмæ Майя Копалеишвилийæн», – фыссы Гуырдзыстоны президент.
Уыимæ Саломэ Зурабишвили нæ конкрет кæны, йæхæдæг уыдзæн æви нæ йæ ныхмæ Конституцион хъасты кæсыныл.
Гуырдзыстоны президенты ныхмæ конституцион хъасты лæмбынæг кæсын абон райдайдзæн. Конституцион тæрхондоны информацийæ, конституцион бавдысты оæмбынæг кæсын 12:00 сахатыл райдадзæн. Конституцион бавдысты касты фарста у Гуырдзыстоны конституцийы 52-æм статийы фыццаг пункты «А» дæлпункты гæнæн саст, Гуырдзыстоны президенты æрдгæй Гуырдзыстоны хицауады барлæвæрд æнæрайсгæйæ æддæ ахастыты минæварадон æххæстбартæ сыххæст кæныны тыххæй. Кæцы æвдыст уыд фæсарæнтæм кусæн визитты сыххæсты æмæ официалон уæнгтимæ кусæн фембæлдтæ æмæ бадзырдтæй.