Саломэ Зурабишвили  хиизоляцимæ ахызт
Саломэ Зурабишвили хиизоляцимæ ахызт

Гуырдзыстоны президент, Саломэ Зурабишвили  хиизоляцимæ ахызт.

Информаци уый фæдыл  Гуырдзыстоны президенты  администраци   хъусын кæны.

«Рискæй хи бахизыны нысанæн, Гуырдзыстоны   президент хизы хиизоляцимæ, уымæ нæкæсгæйæ  цæмæй   «Ковид-19»-ы  ныхмæ вакцинæйы  фыццаг  дозæйæ  вакциниргонд у.

Фæнысангонд процессы  параллелонæй  президент «PCR» тестæй иртæст аразы   протоколмæ æмбæлгæйæ» банысангонд у  информацийы.

Уыимæ  президенты  пресс-куысты  куыд   æмбарын кæнынц  афтæмæй,  Саломэ Зурабишвилийы  хиизоляцимæ  ахизын  баст у  премьер-министримæ контактимæ.

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийæн,  планон  тестæй  иртæсты фæстиуæгæн коронавирус абон сбæрæг ис.