Саломэ Зурабишвили – Категорионæй фауын бырст Одессамæ, уый у æхсæнадæмон барады алы нормæйы хæлд
Одессæ æмæ й сабыр цæрджытыл бырст у æхсæнадæмон барады алы нормæты гуырымыхъхъ хæлд, – уый фæдыл Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили «Твиттеры» ныффыста.
Зурабишвилийы дзырдæй, Одессæмæ бырст у Уæрæсейы радон æфсæддон фыдракæнд.
«Украинайы Уæрæсейы радон æфсæддон фыдракæнд, категорионæй фауын бырст Юнескойы дунейы бындарады цыртыл – Одессæйы æмæ сабырадон цæрджтыл, уый у æхсæнадæмон барады алы нормæйы хæлд», – фыссы Зурабишвили.
Бакой уын кæндзстæм, æхсæвы Уæрæсейы тыхты фидар бырст сыххæст кодтой Одессæйы центрыл. Ракетон хафтыты фæстиуæгæн амард иу æмæ фæцæф сты 22 адæймаг, сæ нымæцы цыппар сывæллон. Пырх сты æхсæз цæрæн хæдзар. Афтæма Одессæйы сеппæтæй стыр рæстдиннон кафедралон аргъуан.
Another war crime committed by Russia in Ukraine!
I condemn in the strongest terms attacks on #UNESCO world heritage sight – #Odesa and its peaceful residents, blunt violations of all norms of international law
— Salome Zourabichvili (@Zourabichvili_S) July 23, 2023