Францы Республикйы Гуырдзыстоны преиздент Саломэ Зурабишвилийы кусæн визит дарддæр кæны. Саломэ Зурабишвили Паризы, ЮНЕСКО-ы офисы фембæлдис ЮНЕСКО-ы генералон директор Одри Азулеимæ.
Президенты администрацийы куыд хъусын кæнынц, афтæмæй, æркæсинаг фарстаты æхсæн уыд оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл уæвæг культурон бындарады æмæ Гуырдзыстоны биобирагъуызондзинады фæдыл фарстатæ.
Афтæма сæ информацийæ, президент фембæлды рæстæджы банысан кодта, цæмæй оккупацигонд территоритыл адæймаджы барты хæлдæй дарддæр, барæй зиан кæнынц æмæ арæх, куынæг кæнынц культурон бындарад æмæ нæй исты æхсæнадæмон механизм, уый нымæцы ЮНЕСКО дæр, кæцы оккупацигонд территорийыл мониторинг кæндзæн сæ уавæрæн, сфысдзæн сæфт æмæ хæлдтытæ.
Президенты администрацийы информацийæ, фембæлдыл Саломэ Зурабишвили слæууын кодта фарста, ома ЮНЕСКО-ы исты механизмтæй сæххæст кæна оккупацигонд территоритыл уæвæг цыртты мониторинг.
«ЮНЕСКО-ы генералон директор куыд банысан кодта афтæмæй, ахæм проблемæтæ ис афтæдæр регионы æндæр зонæты æмæ ЮНЕСКО архайы, Гаагæйы конвенцийы фæлгæтты бакуса ног механизмтæ, кæцы ратдзæни фадат конфликты зонæты спутникæ æмæ æндæр нырыккон технологиты фæрцы, сфысса æмæ мониторинг кæна культурон бындарады цыртты уавæрæн. Гаагæйы конвенци абоны уавæрты тынг актуалон у æмæ йын хъæуы ревизи, цæмæй хæстон уавæры оккупацигонд территоритыл культурон бындарады цырттæ бахъахъхъæдæн ног механимзтæ бакуыстæуа.
Президент та ногæй сæвæрдта фарста, ома ЮНЕСКО æркæса, куыд ис гæнæд аудын мæ сæрмагонд бынат ссарын кавказаг æвзæгты бинонтæм хаугæ æвзæгтæн. Саломэ Зурабишвили ЮНЕСКО-ы генералон директоры Гуырдзыстонмæ сылгоймæгты æхсæнадæмон конференцийы хайад райсынмæ æрхуыдта, кæцы президенты инициативæйæ Тбилисы нырид дыккæгæм хатт ацæудзæн. Фембæлдыл президент æмæ генералон директор æрныхас кодтой, ома Гуырдзыстоны адарддæр кæндзæн ЮНЕСКО-имæ æмкуыст кæнын, биологион бындарады æмæ биобирæгъуызондзинад хъахъхъæды, мафесафыны методологи фæхуыздæр кæныны æрдгæй», – банысангонд у информацийы, кæцыйы Гуырдзыстоны президенты администраци хæлиу кæны.