Саломэ Зурабишвили - Этникон каддæрдæртæ хъуамæ пайда кæной алы программæйæ, дæнцæн, арвитæм ææвзонгты фæсарæнтæм ахуырмæ
Этникон каддæрдæртæ хъуамæ пайда кæной алы программæйæ, дæнцæн, арвитæм ææвзонгты фæсарæнтæм ахуырмæ – уый фæдыл Гуырдызстоны президенттæм кандидат Саломэ Зурабишвили этникон каддæрдæрты минæвæрттимæ фембæлды фæстæ райхъусын кодта.
«Куыд æй зонут афтæмæй, ныридæгæн сарызтон фембæлтæ æндæр æмæ æндæр этникон каддæрдæртимæ. Фембæлдыстæм бердзенæгтимæ, езидтимæ, сомихæгтимæ, азербайджайнаг къаддæрдæртимæ æмæ гуырдзиаг дзуттæгтимæ. Фарстытæ сæм ис иу ардæмадæй – цы саразын ис гæнæн. Уый æххæссы паддзахадон æвзагмæ. Æз мæхæдæг æнкъарын егъау бæрн , куыд фидæн президент афтæ» – банысан кодта Саломэ Зурабишвили.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, алчи зæгхъгæ æмбары цæмæй паддзахадон æвзаг у кокоммæ фæндаг æнтыст æмæ интеграцийы æрдæм.
«УЫй афтæдæр у стыр бæрн паддзахадæн. Фылдæр у мах бæрн, уыдон хъуамæ уой æххæстæй интегриргонд алы паддзахадон кæнæ хицæн структурæйы. ХЪуамæ пайда кæной алы уыцы программæйæ кæцытæ нæм ис, дæнцæн, арвитæм æвзонгты ахуырмæ фæсарæнтæм. Сеппæтæй нысаниуæгджын ацы фарста уыд æмæ мæхимæ райстон хæс, цæмæй фидæны ацы къордтимæ мын уа къуындæг бастдзинад, цæмæй фенæм цы формæйæ ис гæнæн президент æмæ йæ администраци, баахъаз кæнæм ацы проблемæйы аскуыддзаг. Афтæдæр тынг цымидиосн езидты фарст. Уый æххæссы, сæ мыггæгты æрыздахынмæ, кæцыйæ æнæмæнгæй баинтерес уыдзынæн æмæ æркæсдзынæн, цæмæй цас мæ бон уыдзæн баххуыс ын кæнон» – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.