Саломэ Зурабишвили – Йенс Столтенбергмæ мæ сæйраг æрвитæггаг уыд оккупацигонд территориты фарста, уымæн æмæ оккупацион хаххы цур, Уæрæсейы архæйдтытæ тынг фæуæззау сты
Мæ сæйраг æрвитæггаг НАТО-ы генералон нымæрдармæ уыд оккупацигонд территориты фарста, уымæн æмæ оккупацион хаххы цур, Уæрæсейы архæйдтытæ тынг фæуæззау сты – уый фæдыл Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили АТонелийы уынгыл уæвæг резинденцийы НАТО-йы генералон нымæрдар ЙЕнс Столтенбергимæ фембæлды фæстæ райхъусын кодта.
«Ныхас сырæзт гом дуары политикъæйы фæдыл. НАТО-ы ахаст у ахæм – куыд гæнæн ис афтæ фылдæр æмгуыстад уа Гуырдзыстонимæ, фæлæ мæ сæйраг æрвитæггаг абон уыдис оккупацигонд территориты фарста, уымæн æмæ тынг фæуæззау ис окупацион хаххы цур Уæрæсейы архæйдтытæ. Уый у змæлгæ арæн æндæр æмæ æндæр рæтты, скъæфтытæ, æви æртъхъирæнтæ, кæцы перманентонæй хъуыстис фæстаг периоды, зæгъæм фæнды НАТО-йы ахуырты фæдыл.
Уый тыххæй дæр, уый махæн хъуамæ уа æрвылбойнон зыгъинаг нæ партнертæн. Зонæт цæмæй мах дарддæр кæнæм ацы агрессивон политикъæмæ æнæкæсгæ, нæ сабырадон плæнттæ, сабырадон къахдзæфтæ, кæцы æрвылобойнонæй вазыгджындæр кæнынц, ахизæн пунктытæ куы æрыхгæнынц оккупацион хаххыл» – банысан кодта Саломэ Зурабишвили.
Саломэ Зурабишвилийы дзырдæй, нысаниуæгджын у зæгъгæ Гуырдзыстоны партнертæ æрвылбойнонæй иу бакой кæной Уæрæсейæн йæхимæ цы хæстæ райста уыдон сыххæст кæнын кæй хъæуы.
Æнæкæсгæ амæ, мах нæ сабырадон æрвитæггæтæ нæ ивæм. Æндæр политикъæ Гуырдзыстонмæ нæй. Ис æрмæст сабырадон полдитикъæ, уый та нысан кæны, цæмæй хъуамæ фæактивондæр уа Женевæйы формат, райса политикъон равг кæнæ Женевæйы кæнæ æндæр форматыю Нæй гæнæн бафидауын уйимæ, æмæ æрмæст техникон æмвæзадыл скуыддзаг уа, кæнæ ма скуыддзаг уа ацы фарста. Реалонæй прогресс куы аскуыддзаг уа, уый сабырадонæй нæй гæнæн кæд æмæ нæ партнертæ, æрвылбойнонæй нæ бакйо кæндзысты Уæрæсейæн йæ хæстæ сыххæст кæнын кæй хъæуы уый.
Алцыппæт амæ æнæкæсгæ, цыфæнды æрцæуæд, Гуырдзыстон у бæстæ, кæцымæ ис æрмæст сабырадон политикъæ, уый у нæ тых æмæ уый уыдзæн фæндагт уæлахиздзинадмæ» -райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.