Саломэ Зурабишвили Йенс Столтенбергимæ телефонæй фæныхас кодтой
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилийы æмæ НАТО-ы генералон нымæрдары æхсæн уыд телефонæй ныхас.
Президенты пресс-куысты информацийæ, НАТО-йы генералон нымæрдар Гуырдзыстоны президентæн раарфæ кодта бадзырдмæ æрцæуын. Фрасытæ Гуырдзыстоны евроатлантикон фæндагыл размæцыдæн хъæугæ реформæты нысаниуæг æркастысты.
«Ныхас афтæдæр уыд НАТО-йы фидæн саммитыл, кæцы 14 июны Брюсселы ацæудзæн. Бахахх ис альянсы гом дуары политикæйы нысаниуæг æмæ ацы контексты саммитыл Гуырдзыстоны æмбæлгæйæ равдысын.
Саломэ Зурабишвили æмæ Йенс Столтенберг Сау Денджызы æдасдзинадыл фæныхас кодтой. Президент портты æмæ НАТО-ы æрдгæй Сау Денджызы регионы стабилондзинад хъахъхъæнынæн фылдæр бастдзинады нысаниуæг бахахх кодта.
Фарсытæ афтæдæр æркастысты Афгъанистаны фарст æмæ фидæн мæйты æфсæддæ ракæныны процессы æмгуыстад адарддæры æнæмæнгхъæуындзинад банысчан кодтой. НАТО-ы генералон нымæрдар сæрмагонд нысаниуæгджынæй схуыдта Гуырдзыстоны роль Афгъанистаны сабырдзинад æмæ æдасдзинады хъуыддаджы, кæцы æвæрццаг бандавдзæн фидæны интеграцийы цæстæнгасæй» – дзырдæуы Гуырдзыстоны пресс-куысты ахæлиугонд информацийы.