Саломэ Зурабишвили йæ къух бафыста барамындыл, кæцымæ гæсгæ дæр, парламентон  æвзæрстытæ  ацæудзысты 26 октябры
Саломэ Зурабишвили йæ къух бафыста барамындыл, кæцымæ гæсгæ дæр, парламентон æвзæрстытæ ацæудзысты 26 октябры

Гуырдзыстоны  президент, Саломэ Зурабишвили   йæ къух бафыста   барамындыл   кæцымæ  гæсгæ  дæр,  2024  азы  парламентон  æвзæрстытæ  26 октяры ацæудзысты.

Уый фæдыл  Саломэ Зурабишивли   абоны  брифингыл  райхъусын  кодта.

«Мæ къух  бафыстон   æвзæрстыты  райхъусын кæныны фæдыл барамындыл.  Æрбаввахс нæм ис уынаффæ рахæссыны   бон,  æвзæрст саразыны бон,  фервæзын кæныны  бон.   Абон  нын хъуыддаг нæй   хуымæтæг æвзæрстытимæ,  æмбæстаг куы  æвзары, кæцы политикон тых у  йæ цæстæнгасимæ   сеппæтæй  хæстæг дæр,фæлæ ма нын хъуыддаг ис   бæстæй фидæны   аирвæрзын кæнынимæ.   Нæ  аоны  æвзæрст у  эгзистенциалон,  ацы æвзæрст бæстæйы  амонд  бирæ  азы  дæргъы  сфидар кæндзæн» –  райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.