Саломэ Зурабишвили – иттæг вазыгджын расидты рæстæджы, гуырдзиаг адæмы хæъуы европаг партнерты æмæ хæлæрттæй æххуыс
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили сыхы æмæ ауæрæзы фæдыл бадзырдты фарстаты Еврокомиссийы генералон директор, Герт Ян Копманимæ бæстæйы сырæзт уавæр æркастис æмæ банысан кодта, цæмæй визит Гуырдзыстоны ервоинтеграцийæн критиконæй нысаниуæгджын рæстæджы цæуы æххæст. Информаци хъусын кæны президенты администраци.
Афтæма сæ информацийæ, Гуырдзыстоны президент райхъусын кодта, цæмæй ивгъуыд азы, кандидаты статусы райст, стыр ныфс æмæ стимул ратта гуырдзиаг адæмæн, кæцы абон Гуырдзыстоны европаг фидæны сæрыл хæцы æмæ ацы иттæг вазыгджын расидты рæстæджы, йæм европаг партнерты æмæ хæлæртты фарсхæцын хæъуы. Саломэ Зурабишвилийы дзырдæй, бæрæг у, Уæрæсе алы мæцъисæй хрхайы цæмæй Гуырдзыстоны Европæмæ змæлд фæурома.
Президент Орбелианиты галуаны уагъд фембæлдыл куыд банысан кодта, афтæмæй, зæгъгæ скуыддзаггæнæг нысаниуæг ис октябры плангонд æвзæрстытæн æмæ ацы æвзæрстыты фæсивæды æмæ диаспорæйы активон бастдзинадæн. Саломэ Зурабишвилийы фидиуæнæй, зæгъгæ нысаниуæгджын у цæмæй стабилон æмæ сабыр уавæрты ацæуа æвзæрстытæ, каæцытыл гуырдзиаг адæм, ноджы иу хатт хъуамæ сывзара Гуырдзыстоны Европаг фидæн.
«Гуырдзыстоны президент фæныхас кодта европаг платформæйы, иумæйаг архайадон планыл, кæцымæ баиу уыдзысты политикон тыхтæ æмæ æвзæрстыты фæстæ сæххæст кæндзысты уыцы институцион реформæтæ, кæцы æнæмæнгхъæугæ у Евроцæлисы уæнгæй суæвынæн бадзырдтæ райдаынæн.
Фембæлдыл дзырд уыдис Украинайы цæугæ хæстыл, регионы уæвæг уавæрыл æмæ оккупацигонд Гуырдыстоны территоритыл уæвæг уавæрыл.
Герт Ян Копман райхæлдта, цæмæй Евроцæдис иттæг сагъæсгæнæг у Гуырдзыстоны цæугæ фæзындты тыххæй æмæ хицауады арызт къахдзæфтæй. «Фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъоны райст стыр азар у Гуырдзыстоны евроинтеграцийæн æмæ æнæмæнгæй фæкъуылымпы кæндзæн ацы процесс. Йæ дзырдæй, зæгъгæ июны мæйы евроцæдисы ауæрæхы ног этапыл фæуынаффæ кæндзысты æмæ уымæ æмбæлгæйæ, иттæг нысаниуæгджын у, Гуырдзыстоны хицауад конструктуивон суа æмæ ма разнаггад кæна бæстæйы евроинтегграцийы процессæн.
Гуырдзыстоны президент хаххгондæй банысан кодта гуырдзиаг адæмы æмуддзинад бæстæйы евроинтеграциимæ æмæ æрсидтис партнертæм, дарддæр хъæддых йæ фарс рахæцой гуырдзиаг адæмæн Европæйы æрдæм цæуæг фæндагыл» – банысангонд у Гуырдзыстоны президенты администрацийы ахæлиугонд информацийы.