Саломэ Зурабишвили – ис нæм бар, хъуамæ курæм æмæ баххæссæм, цæмæй бахизæм Æппæт Европæйы культурон тыгъдадмæ
Культурæ Гуырдзыстонæн, æрмæст ныхас нæу, культурæ у Гуырдзыстоны миниуæг, истори, ивгъуыд æмæ фидæн – уый фæдыл Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурапбишвили проект Гуырдзыстон, Европæ-йы байгомыл дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
Саломэ Зурабишвили куыд банысан кодта афтæмæй, æнæ культурæ Гуырдзыстон абоны онг не рхæццæ уыдаит зæгъгæ, Гуырдзыстон йæхи фервæзын кодта æнустæй, бырстытæй, æмæ ацы диссаг баст у растдæр культурæимæ, йæ европæйаг чырыстонон культурæимæ.
«Мах æнусты дæргъы ацы бьæстæйæ цыдыстæм, æнæ æфсадæй фæлæ моладзандæтты арæзтадæй, цыдыстæм культурæйæ æмæ абон дæр культурæйæ цæуæм. Кæд Гуырдзыстоны тыххæй зонынц абон фæсарæнты æмæ Европæйы, растдæр культурæйæ, уый у не стыр тых, тынг стыр æнтыст æмæ егхау ресурс. Ресурсыты кой куы кæнæм, уæд зæгъын хъæуы, цæмæй нæм нæ дæр газ ис æмæ нæдæр нефт, фæлæ нæм ис культурæ» – банысан кодта Саломэ Зурабишвили.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, хæдбардзинад ногæй рацарæзты фæстæ, Гуырдзыстонмæ рбацыд Европаг культурæ. ЙÆ закъондæттынадæй, сæрфадæй æмæ растдæр уымæй рацæугæйæ, райрæзтис абон нæ бæстæ.