Саломэ Зурабишвили ИНО-йы Гуырдзыстоны минæварæй Давит Бакрадзейы снысан кæныны фæдыл бардзырд бафыста
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили ИНО-йы Гуырдзыстоны минæварæй Давит Бакрадзейы снысан кæныны фæдыл бардзырд бафыста.
Фæнысангонды фадыл информаци Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн сбæлвырд кодтой президенты администрацийы.
Уыимæ, президенты администрацийы куыд дзурынц афтæмæй, алы официалон бавдыст, кæцы минæвæртты фæдыл бацыд президентмæ, къухæвæрд сты æмæ президенты æрдгæй куылымпыдзинад нæ уыд.
Давит Бакрадзе фæнысангонд постыл фæивдзæн Каха Имнадзейы.