Саломэ Зурабишвили ИНО-йы бæрзонд рангы фембæлды райста хайад æмæ дунейы лидертæм æрдзырдта
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили абон, дунейы лидертимæ иумæ, ИНО-йы бандурæвæрдæй 75-æм азы сæрмæ нывонд бæрзонд æмвæзады фембæлды райста хайа, кæцы пандемийы тыххæй виртуалонæй ацыд.
ИНО-йы уæнг падзахадты лидертæм æмæ æхсæнадмæ видеосидты Гуырдзыстоны президент фæныхас кодта глобалон ивындзинæдты фоныл конфликтты алыгы ног формæ бацагурын кæй хъæуы уый фæдыл, стæй æнæнизхъахъъæды, климаты æмæ инклюзивон æмцард хъахъхъæды нысаниуæгыл, афтæма культуронæй размæцыд дзыллæйы ахуыргонд æмбæстæгты ролыл.
«ИНО 75 азы сæры бæрæгбон кæныны параллелонæй лæууы алвæндагыл: глобалон æртъхъирæнтæ – терроризмæй климаты ивды онг æмæ ныр пандеми нæ домы фылдæр иудзинад æмæ солидарондзинад, æмæ ацы æртъхъирæнтæ тынгад æмæ дихгæнæг факторты куы рæзын кæнынц, уæд мультилатерализм дæр зæрдæхсайæн у.
Дуне ног æмæ егъау æртъхъирæны раз куы лæууы, глобалон æртъхъирæнтæ нæ тыхыбын кæнынц, бынтон æндæр цæстæй акæсæм нæ царды, нæ дзыллæйы æмæ хицаудзинады системæты архайæг практикæтæм. Уый æппæт та нын амоны ног фадæттæ кæд æмæ сæ фæфиппайын æмæ самал кæнын хъом бауыдзыстæм, кæд нæ бон бауа æмæ нæ цæст нæ алыварс ахæсдзыстæм уæд.
«Фидæн кæцы мах æлкæй фæнды» -æнцойæвæрд у цыппар принципыл:
Фыццаг у – Æнцад дуг.
Дыккаг – Цæрынхъом Планетæ.
Æртыккаг – Инклюзивон æмæ æнæниз дзыллæ.
Цыппæрæм, фæлæ æппынфæстаг нæу – ахуыргонд æмбæстæгтæ культуронæй размæцыд дзыллæйы.
Глобалон æхст фæурæды фæдыл генералон нымæрдары сидтмæ нырмадæр хъусдард нæй. Æнæкæсгæ уымæ æмæ Гуырдзыстон æрвылбойнонæй кæсы Уæрæсейы рдгæй оккупацигонд территоритыл изоляцийы фæстиуджытæм, нæ бæстæ нæу цæттæ, бафидауа уыцы зианимæ, кæцы оккупацийы фæстиуæгæн æрыййæфта адæймаджы цард æмæ барты.
Дуне-дунейы ног парадигмæтæ куы æвзæрынц, уæд афон у бакусæм ног цæстæнгас æмæ бацагурæм ног фæндæгтæ, цæмæй ивд æрцæуа ацы æнæбафæразгæ уавæр. Сабырдзинад æмæ райтынг сты размæцыды иунæг амал.
Æнæкæсгæ информацийы æнæдызæрдыгдзинады æрдæмадтæй æиæ æдасдзинады æрдгæй уæвæг æртъхъирæнтæм, интернеты рапарахат ног фадæттæ ратта ахуырады, культурæ æмæ креативон райтынгы æрдгæй. Фидæны райтынгы иунæг фадат æмæ сæйраг ресурс сты ахуыргонд æмæ фæлтæрд æмбæстæгтæ.
Толерантдзинад, кæцыйы гуырдзиæгтæ бирæ æнусон культурон бынæй нымайæм, интеллекты æмæ моралон солидарондзинадимæ иумæ – уыцы хæзнатæ сты, кæцытæ нын ацы æнæбæрæгдзинæдтæй едзаг дуджы нæ фæндаг айгæрдой. Ахæм фидæн саразынæн, хъуамæ кад кæнæм нæ принциптæн æмæ харти æмæ æнæфæцудгæ рæзынады нысæнттæм хуымæтæг дзырдтыты ахаст дарыныы бæсты, цæйнæфæлтау хъуамæ балæууæм куыд конкретон нысæнттæм, кæцыйæн хъæуы политикон фæнд æмæ тыхархайд.
«ИНО кæц нын у хъæугæ» – ныфсдæттæг уыдзæн нæ æмбæстæгтæн æмæ сæвзæрын кæндзæн æууæнк æмæ эффективон лидердзинад.
Мах æмæ нæ «рагон, фæлæ æвзонг» организацийы фидæныл нæхæдæг хъуамæ архайæм» – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.
Саломэ Зурабишвилийы сидты текст ахæлиу кодта президенты пресс-куыст.