Саломэ Зурабишвили  Илья Дыккагæн интронизацийы боны фæдыл арфæ кæны – Уæ арфæйæ  аккагæй  адарддæр кæндзыстæм нæ фæндаг, стынг кæндзыстæм дзыллæйы иудзинад, толерантондзинад æмæ кæрæдзийы уарзондзинад
Саломэ Зурабишвили Илья Дыккагæн интронизацийы боны фæдыл арфæ кæны – Уæ арфæйæ аккагæй адарддæр кæндзыстæм нæ фæндаг, стынг кæндзыстæм дзыллæйы иудзинад, толерантондзинад æмæ кæрæдзийы уарзондзинад

Гъе уæ арфæйæ, сабырдзинад æрбынат кæнæд нæ  зæрдæты, фарн нæ  хæдзæртты, сабырад æппæт Дунейы, – уый фæдыл Æгас Гуырдзыстоны Каталикос-Птариарх Илья Дыккагы  интронизацийы  бонмæ гæсгæ  Гуырдзыстоны президент, Саломэ Зурабишвилийы  арфæйы  фыстæджы дзырдæуы.

«Стыр цытæй уын арфæ кæнын ацы  нысаниуæгджын датæйы, интронизацийы 46 азы юбилейы фæдыл, сымахимæ иумæ  арфæ кæнын нæ адæмæн, Æгас Гуырдзыстонæн.

Ацы азтæ, кæцытæ  сымах, куыд Гуырдзыстоны  аргъуаны  разамонæг рацыдыстут, вазыгджын уд Гуырдзыстонæн æмæ афтæдæр, вазыгджын уыд   сымахæн, Гуырдзыстоны  удон фыдæн.  Уæ арфæ  æмæ æххуыс  тынг кодтой  æмæ фидар кодтой нæ  уырнындзинад, дæттой нын ныфс  уæззау  бонты рæстæджы.  Абон дæр уæ  аудындзмнад  æххæссы алкæмæ, нацийы æмæ  динмæ нæкæсгæ æмæ ныфсджын кæны хæрзиуæгы æмæ рæстагдзинады, сабырады æмæ  цыты  идеалтæм.  Нацимæ уæ уарзондзинад,  иузæрдыгдзинад æмæ æууæнк    сегасдæр хуыздæр  æвдисынц  уе сгуыхтдзинад  куыд бæстæйы, афтæ уæ алы  удон хъæбулы царды.

Амæйразмæ, нæ фыдыбæстæ сарызта  иттæг нысаниуæгджын къахдзæф  йæ нысанмæ, кæцымæ тырныдтам  æнусты дæргъы.  Ноджы та  уæ  арфæйæ æмæ ххуысæй, аккагæй  адарддæр кæндзыстæм ацы фæндаг æмæ сфидар кæндзыстæм  нæ  æхсæнады  иудзинад, толерантондзинад æмæ кæрæдзиуарзондзинад.

Æгас Гуырдзыстоны  номæй уын арфæ кæнын  ацы  нысаниуæгджын боны фæдыл æмæ  уын мæ зæрдæ зæгъы  æнæниз куыд уат æмæ уæ цæрæнбон бирæ куыд уа  уыцы арфæтæ.   Гъе  уæ арфæйæ  æрбынат кæнæт  нæ  зæрдæты  сабырдзиад, фарн нæ хæдзæртты,  сабырад æппæт зæххыцъарыл.  Бирæ  амондджын аз  сбæрæгбон кæнæт уæ арфæйæ æмæ аудындзнадæй   тыхджын Гуырдзыстон»,  – фыссы Саломэ Зурабишвили.