Саломэ Зурабишвили Илья Дыккагæн интронизацийы боны фæдыл арфæ кæны – Уæ арфæйæ аккагæй адарддæр кæндзыстæм нæ фæндаг, стынг кæндзыстæм дзыллæйы иудзинад, толерантондзинад æмæ кæрæдзийы уарзондзинад
Гъе уæ арфæйæ, сабырдзинад æрбынат кæнæд нæ зæрдæты, фарн нæ хæдзæртты, сабырад æппæт Дунейы, – уый фæдыл Æгас Гуырдзыстоны Каталикос-Птариарх Илья Дыккагы интронизацийы бонмæ гæсгæ Гуырдзыстоны президент, Саломэ Зурабишвилийы арфæйы фыстæджы дзырдæуы.
«Стыр цытæй уын арфæ кæнын ацы нысаниуæгджын датæйы, интронизацийы 46 азы юбилейы фæдыл, сымахимæ иумæ арфæ кæнын нæ адæмæн, Æгас Гуырдзыстонæн.
Ацы азтæ, кæцытæ сымах, куыд Гуырдзыстоны аргъуаны разамонæг рацыдыстут, вазыгджын уд Гуырдзыстонæн æмæ афтæдæр, вазыгджын уыд сымахæн, Гуырдзыстоны удон фыдæн. Уæ арфæ æмæ æххуыс тынг кодтой æмæ фидар кодтой нæ уырнындзинад, дæттой нын ныфс уæззау бонты рæстæджы. Абон дæр уæ аудындзмнад æххæссы алкæмæ, нацийы æмæ динмæ нæкæсгæ æмæ ныфсджын кæны хæрзиуæгы æмæ рæстагдзинады, сабырады æмæ цыты идеалтæм. Нацимæ уæ уарзондзинад, иузæрдыгдзинад æмæ æууæнк сегасдæр хуыздæр æвдисынц уе сгуыхтдзинад куыд бæстæйы, афтæ уæ алы удон хъæбулы царды.
Амæйразмæ, нæ фыдыбæстæ сарызта иттæг нысаниуæгджын къахдзæф йæ нысанмæ, кæцымæ тырныдтам æнусты дæргъы. Ноджы та уæ арфæйæ æмæ ххуысæй, аккагæй адарддæр кæндзыстæм ацы фæндаг æмæ сфидар кæндзыстæм нæ æхсæнады иудзинад, толерантондзинад æмæ кæрæдзиуарзондзинад.
Æгас Гуырдзыстоны номæй уын арфæ кæнын ацы нысаниуæгджын боны фæдыл æмæ уын мæ зæрдæ зæгъы æнæниз куыд уат æмæ уæ цæрæнбон бирæ куыд уа уыцы арфæтæ. Гъе уæ арфæйæ æрбынат кæнæт нæ зæрдæты сабырдзиад, фарн нæ хæдзæртты, сабырад æппæт зæххыцъарыл. Бирæ амондджын аз сбæрæгбон кæнæт уæ арфæйæ æмæ аудындзнадæй тыхджын Гуырдзыстон», – фыссы Саломэ Зурабишвили.