Саломэ Зурабишвили - Гуырдзыстон сфæрæзта æмæ ауагъдта, сабырадон, рæстаг, æдас, демокративон æвзæрстытæ
Гуырдзыстон сфæрæзта æмæ ауагъдта, сабырадон, рæстаг, æдас, демокративон æвзæрстытæ, зæгъæн ис, цæмæй европаг æгъдауы æвзæрстытæ – уый фæдыл Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилийы фидиуæны у банысангонд.
Президенты дзырдæй, зæгъгæ иттæг вазыгджын æмæ прецедент цæмæн нæй ахæм æртхъирæнмæ æнæкæсгæ, зноны парламентон æвзæрстытæ, дунейæн ноджы иу хатт равдыста, цæмæй Гуырдзыстон демокративондзинады æмæ рæзынады фæндагыл æнæкуылымпыйæ цыд дарддæр кæны.
«Мах сфæрæзтам, æвзæрстытæ сабыр уавæрты ауадзын, æвзæрстгæнджытæ бæрзонд активондзинад бæрæггæнæнæй æмæ уæззау хæлдтæ цухæй ауагъдтам. Алы æвзæрстгæнæгæн, политикон нысанмæ æнæкæсгæ, уый тыххæй мæ фæнды раарфæ кæнын, уымæн æмæ ай у алкæй уæлахиздзинад» – хъусын кæны президент.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, ног æвзарæнон системæмæ гæсгæ ауадзын у демократийы æрдæм ноджы иу къахдзæф.
«31 октябры парламентон æвзæрстытæй, гуырдзиаг æхсæнад басаста нигилизм æмæ йæхицæн сбæлвырд кодта, цæмæй постсоветон эпохæ Гуырдзыстоны фæуд кæны» – фехъусын кодта Саломэ Зурабишвили.