Саломэ Зурабишвили – Фауын  æбуалгъ бырст цæрæн корпусмæ Украинайы горæт Днипройы, уый у æхсæнадæмон барады нормæты  хæлд
Саломэ Зурабишвили – Фауын æбуалгъ бырст цæрæн корпусмæ Украинайы горæт Днипройы, уый у æхсæнадæмон барады нормæты хæлд

Сабыр цæрджыты ныхмæ æбуалгъ  бырст  у æхсæнадæмон   барады  нормæты  хæлд, –  уый фæдыл Гуырдзыстоны  президент Саломэ Зурабишвили, Украинайы   горæт  Днепропетровскы, цæрæн  корпусыл бомбæкалды тыххæй  загъта.

«Категорионæй  фауын  æбуалгъл бырст  цæрæн  корпусмæ Украинайы  горæт Днипройы.  Цæрджыты ныхмæ  тыхмидзинады нæрайсгæ  равдыст у  æхсæнадæмон  барады  алы  нормæйы хæлд.  Уарзон адæймæгтæ  чи фесæфта Днипройы  æмæ Украинйы  уыдоны фарсмæ лæууæм», – фыссы «Твиттеры» Саломэ Зурабишвили.

Украинайы  горæт Днепропетровскы  Уæрæсей  авиацийæ  цæрæн корпусыл  бомбæкалды  фæстиуæгæн фæстаг  информацийæ   амард  20 æмæ фæцæф сты  73 адæймаг.