Саломэ Зурабишвили - Евроцæдисæн нырма йæ бон у, Гуырдзыстон баиргъæва уырыссаг агрессийæ
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили хъусын кæны, цæмæй Европæ йæ æнæнтыстæй хъуамæ сахуыр кæна, цæмæй Украина уæнгдзинады фæндагыл слæууа – уый фæдыл дзырдæуы «Файненшл Таймсы» статийы.
Статийы куыд у банысангонд афтæмæй, Саломэ Зурабишвиши райхъусын кодта, ома Евроцæдис Гуырдзыстон райсынæн хъуамæ фæтагъд кæна къахдзæфтæ, цæмæй Гуырдзыстон Уæрæсейæ баиргъæва æмæ банысан кодта, ома Брюссел Украинамæ гæсгæ барæджы кодта.
Статийы куыд у банысагонд афтæмæй, зæгъгæ Саломэ Зурабишвили загъта, цæмæй Уæрæсейы Укринамæ лæбурд, Евроцæдисæн ратта фадæттæ, райса йæ сыхаг бæстæты, кæцытæ йæ уæнгсуæвынмæ тырнынц.
«Ницæмæ нæ хъæуы Уæрæсейы сæм фæзына ахæм хъуыды, ома ис бынæттæ, кæцыты сæрылничи рахæцдзæн» – загхта Саломэ Зурабишвили «Financial Times».
ЙÆ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Евроцæдис хъуамæ бацагура фæндаг, дзуапп скæна нæ дæргъвæтин æнхъæлцæн æмæ нын ратта нысан, мах ацы ибнонты хай стæм».
Статийы автор банысан кодта, цæмæй раздæры советон цæдисы бæстæтæ, Гуырдзыстон, Молдовæ æмæ Украина, кæцытæ Евроцæдисы «Хурыскæсæны Партнерады» инициативæйы уæнгтæ сты, ис сæм Евроцæдисимæ ассоциацидзинады фæдыл бадзырдтæ, райхъусын кодтой сæрмагонд фæндоны фæдыл, суой Евроцæдисы уæнг бæстæтæ.
Саломэ Зурабишвили, рауагъдадимæ интервьюйы загъта, цæмæй райгонд у «Фидар Европæ» куы фæзындис, кæцы сæвзæрдис Путины лæбурды фæстиуæгæн, цы ран Евроцæдис Мæскуыйы ныхмæ карз санкцитæ сфидар кодта æмæ Киевæн æхсæнгарз дæттыныл сразы ис, æрмæст Германи та хъахъхъæнынадыл къабаза хардзтæ райрæзын кæныны дзырд ратта.
Зурабишвили банысан кодта, цæмæй Евроцæдис, нæдæр Гуырдзыстоны æрдæм 2008 азы хæсты æмæ нæдæр Украинайæн 2014 азы Хъырымы фæстæ, нæ бафæрæзта уыцы хъæддыхдзинад равдисын. «»Ацы реакцитæ куы нæ уыд, вæццæгæн уый тыххæй фестад Путин ерын цахæм у –ахæмæй» – загхта уый.
Статийы автор банысан кодта,цæмæй Зурабишвили Еврокомиссийы президент Урсула фон дер Лайенимæ æмæ Европаг Советы президент Шарль Мишелимæ дыццæджы фембæлдис. Сæ бадзырдты фæстæ Мишел райхъусын кодта, цæмæй Евроцæдис «дзæбæх æмбары, ома конкретон прогресс кæй у нысаниуæгджын уый тыххæй, цæмæй Гуырдзыстон æмæ Евроцæдисы æхсæн цæстæйуынгæ æмæ фидар бастдзинад рæувадат уа гуырдзыйаг адæмæн».
«Мах уый бæрц рæстæг æнхъæлмæ кастыстæм, цас дæр Украина. Мах дæр уыцы фæндагыл стæм, хъуамæ нæ сæ зæрдыл дарой æмæ рох ма хъуамæ уæм» райхъусын кодта Саломэ Зурбишвили «Financial Times»-имæ ныхасы рæстæджы.
«Financial Times»-ы статийы тæлмац публикаци кæны Гуырдзыстоны президенты пресс-куыст.