Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Нью-Йоркы, ИНО-йы генералон ассамблейы фæлгæтты, европаг советы президент, Дональд Тускъимæ фембæлд.
«Гуырдзыстон дарддæр кæны цы евроцæдисы æрдæм æмæ цыфæнды бæрзонд æмвæзы фембæлд у шанс, цæмæй фенæм фылдæр Гуырдзыстон Европæйы æмæ фылдæр Европæ Гуырдзыстоны», -фыссы Саломэ Зурабишвили социалон хызаг «Твиттеры».
Тускъы информацийæ та, уый ноджы иу хатт равдыста фарсхæцынад Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæн æмæ ныфс разагъта, цæмæй Евроцæдис-Гуырдзыстоны ахастытæ, ноджы фылдæр фæарфдæр уыдзысты.