Саломэ Зурабишвили депутаттæм баздæхт - Национ фидыды миниуджытæ фæзындысты адæмы æхсæн, фæлæ дзы уе хсæн æз уый нырма нæ уынын

Абон,  æнæрмæст Украинайæн, фæлæ ма æнæхъæн Дунейæн  сты  уæззау  бонтæ, фæлæ  Украинайы тох  нырма кæд уæлахизгонд нæ, уæд æнтыстджын уæддæр у, уымæн  æмæ  ацы фæзындтæ  Дунейæн йæ  цæстытæ фегом кодта  æмæ йæ  райхъал кодта, –  уый фæдыл Гуырдзыстоны  президент, Саломэ Зурабишвили парламенты,  афæдзон  раныхасыл  дзырдæй ралæуды рæстæджы загъта.

«Украинайы  сгуыхтдзинад у  прецедент цæмæн нæй  ахæм  æхсæнадæмон солидарондзинад æмæ ацы  æмуддзинад ацы солидарондзинады.  Даууаг нæу, Украинайы сгуыхтдзинад у  Евроцæдисы æнæфенгæ  æмуддзинад æмæ хъæддыхдзинад, Америкæйы æмæ Европæйы иумæйаг  архæйдтытæ.  Йæ сгуыхтдзинад у, абон  нырид изоляцигонд æмæ сом та  лæмæгъ  Уæрæсе.

Абон алкæмæн  фæсæттæ момент у  æмæ уый нымæцы, Гуырдзыстонæн, уымæн æмæ  абон лæууæм  стыр  быцæусидты раз, кæцы  гæнæн ис,  сом  ноджы  карздæр суа.  Фæлæ иурæстæгонæй, историйы  куыд вæййы афтæ,  быцæусидтытимæ, кризистимæ  æмæ хæстытæ  иу  семæ æрхæссынц  ног  фадæттæ.  Ног фæндæгтæ  иу  фегом вæййынц.  Ацы ног фæндагыл, Гуырдзыстоны  йæ бынат растдæр ацыттæккæ  хъуамæ сфидар кæна. Хъуамæ æмбарæм,  цы уавæр ис æмæ нæхи бацæттæ кæнæм алы  гæнæн  цаумæ. Æнархайгæ бадгæйæ  æмæ нын фидæн цы æрхæсдзæн, уый  æнхъæлцæй ма хъуамæ уæм. Уый у  нæхи, ам чи стæм алкæйдæр   хæс нæ бстæйы раз!  Рæстæг нын нал  ис!  Ног фæзындтыл, быцæусидтытыл æмæ ног фадæттыл цæттæйæ куы  нæ  амбæлæм, уæд ацы  рæстæг  нал  æрыздæхдзæн!

Уый тыххæй ахæм скуыддзаггæнæг  этапыл не мбарын, æмæ нæ бафидаудзынæн  уыйимæ ома  абон  ацы  алвæндагыл, кæрдзимæ быцæу лæууды,  фыдзæрдæдзинады,  хъаугаты æмæ  поляризацийы  фæуды бæсты сымах,  ам чи æрымбырд стут,  уыдон  рох кæнут  нæ гербыл  цы фыст ис уый: «Тых Иудзинады Ис»!

Дзыллæ та, сымахæй бирæ  хъæлдзæгдæр у, æмбаргæ,   æхсарджын  æмæ сегасдæр сæйраг – æмуд. Абон уынын, цæмæй  националон  фидыды нысæнттæ  адæмы  мидæг  фæзындысты, фæлæ  уе хсæн уый  нæ уынын.  Гъе ныр  цымæ  не  мбарут, цæмæй  цы бæрн уыл ис æвæрд  алкæуыл   иумæ уæ  адæмы раз», – райхъусын кодта Гуырдзыстоны  президент.