Цæттæ стæм дыккаг турмæ, цæттæ стæм тохмæ – уый ф æдыл президенттæм хæдбар кандидат Саломэ ЗУрабишвили, сæрмагонд æвзарæнон штабы уагъд брифингыл райхъусын кодта.
«Гæнæн ис исчи ахъуыды кæна, цæмæй уый нæу зæгъгæ, гæнæн ис фылдæры æнхъæл уыдыстæм, фæлæ фыццаг туры фыццаг бынат зæгæън ис уæлахисдзинад у. Æлæкæсгæ алцæмæ, тынг цъаммар куампанимæ, хахуыр дзырдтæм, алы уыцы методæй пайда кæнынмæ, кæцы у уырысаг технологи, уый æппæтмæ æнæкæсгæ – фыццаг бынат фыццаг туры.
«Рустави 2» хъуыды кæны æмæ адæмы уырнын кæны, цæмæй гæнæн ис мæ кандидатурæ аивон фæлæ цы? Вашадзе æмæ Уæрæсейæн хатырæй раттон мæ бæстæ? Фарсхæцджыты æмæ æмтохгæнджыты астæу хæсты фæуадзон? Мæнмæ гæсгæ мæ нырма дзæбæх нæ зонынц, кахеттаг дæр дæн æмæ мегрейлаг дæр. Æгæр хивæнд дæн, кæронмæ ацæуын хъом, мæ адæмы æмæ мæ бæстæйы æмзæрдæ. Уымæн æмæ мæ уырны сымахæй, чидæриддæр мæмæ абон хъусут, уырны мæ уе взарæны, æмæ уый тыххæй цæттæ дæн дыккаг турмæ.«Сымах хорз зыдтат, цæмæй абон æвзарæн дыууæ партийы æхсæн нæ лæууы, абон æвзарæн саразын хъæуы дыууæ Гуырдзыстоны æхсæн. Цахæм нæ хъæуы Гуырдзыстон – ай у æвзарæн æмæ ай у дыккаг тур. Мах ацы æвзарæн иумæ хъуамæ саразæм. Уæ ныфс мæ ис. Цæттæ дæн тохмæ, алчидæр иумæ тох кæндзыстæм, уымæн æмæ зонæм, рæстдзинад у нæхи, æмæ аы рæстдзинад у Европæ, Гуырдызстоны нырыккон фидæн. Гъе Иумæ Гуырдзыстоны тыххæй»- хъусын кæны Саломэ Зурабишвили.
ЦÆК-ы хъусинагæй, 3705 æвзарæнон фадыгы бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ, Саломэ Зурабишвили президентоне æвзæрстыты æрымбырд кодта 615 433 хъæлæс, кæцы у 38.64 %, æрмæст Григол Вашадзе та 600 970 хъæлæсы кæцы у 37.74 процент. Гуырдзыстоны президентон æвзæрстыты дыккаг тур сырæздзæн.