Саломэ Зурабишвили Цæгат Македонийы цæрæг гуырдзиаг спортсменты æмæ культурæйы сферæйы минæвæрттимæ фембæлд
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили æмæ культурæйы, спорты æмæ фæсивæды министр Тея Цъулукиани Цæгат Македонимæ визиты фæлгæтты, Цæгат Македонийы цæрæг гуырдзиаг спортсменты æмæ культурæйы сферæйы минæвæрттимæ фембæлдысты.
Фембæлдыл ныхас уыд гуырдзиаг спорты æмæ культурæйы уæвæг зындзинæдты æмæ перспективæтыл.
«кКыд культурæйы æмæ спорты министр, райын ахæм фембæлдтæй, фæсарæнты куы уынын, нæ аивадархайджытæ, спортсментæ æнтыстджын куы сты, æмхæццæ æнкъарæнтæ мæм фæзынынц, æмæ иу мæхицæн нысанæн æвæрын куыд хицауады минæвар, уыцы реформæтæ æмæ ногдзинæдтæ ауадзæм нæ бæстæйы, цæмæй алы аивадархайæг æмæ спортсмен, бæстæйæ чи ацæудзæн фæсарæнтæм, бæрæг рæстæджы фæстæ йæ фæнды, фæстæмæ Гуырдзыстонмæ æрыздæхын æмæ фæсарæнты цы фæлтæрддзинад райстой уый фæхай кæной гуырдзиаг куыльтурæ æмæ гуырдзиаг спорты рапарахат кæнынæн» – райхъусын кодта культурæйы спорты æмæ фæсивæды министр Тея Цъулукиани.