Саломэ Зурабишвили «бинонты сыгъдæгдзинады æмæ æнахъомты хъахъхъæды фæдыл» закъонопроектты  пакет  нæ  баффыста  æмæ йæ парламентмæ аздæхта
Саломэ Зурабишвили «бинонты сыгъдæгдзинады æмæ æнахъомты хъахъхъæды фæдыл» закъонопроектты пакет нæ баффыста æмæ йæ парламентмæ аздæхта

Гуырдзыстоны президент, Саломэ Зурабишвили «бинонты хæзнаты æмæ æнахъомты хъахъхъæды фæдыл» закъонопроектыл йæ къух нæ бафыста æмæ йæ  парламентмæ ахдæхта.

Закъонопроектимæ нæй  президенты  мотивацигонд фиппаинæгтæ, кæцы уый нысан кæны æмæ   Саломэ Зурабишвили  закъонопроектыл нæдæр йæ къух афыста æмæ йыл нæдæр вето  сæвæрдта.

Ахæм цауты, парламентон кастытæ ауадзын нал хъæуы æмæ пакетыл къух æрфысдзæн  парламенты  сæрдар, цæй  тыххæй дæр Шалва Папуашвилийæн 5 бонон æмгъуыд ис.

Бæрæгдзырдæн,  парламент «Бинонты хæзнаты æмæ æнахъомты хъахъхъæды фæдыл»закъонопроект  æртыккаг хусынæй  17 сентябры райста æмæ йæ  къухбафыссынмæ  Гуырдзыстоны  президентмæ арвыста.  Райст закъонопроект бæрæг  кæны  къаады, æнахъомты  хъæулæй скæныны  æмæ æвджидæй  хъомыл кæныны,  адæймаджы   йæ  биологион  æрдæй  хъауджы  æрдмæ  ахизыны нысанæн  медицинон   мнани пуляцийæ  спайдаимæ баст,   паддзахады лæвæрд документы  æрды фæдыл амындыимæ,  ахуырадимæ, информацийы  ахæлиуимæ, æргом  æмбырдимæ æмæ манифестаци  ауадзынимæ баст,   кусæн ахастыты фæлгæтты биологион æрд  ницæмæ дарынимæ баст  фарстатæ.  Закъондæттæн пакетæй  цæуы  сæххæсты  механизмты æмæ закъоны имплементацийæн æнæмæнгхъæугæ   механизмты  сбæрæг.

Уыимæ, 17 зæрдæвæрæн  закъондæттæн æмвæзыл  суыдзæн  бинонты сыгъдæгдзиады æмæ ныййарджытæн  цыты  бонæй.  Закъонопроектмæ гæсгæйæ,  къайад  у  бинонты  скæныны нысанæн хъауджы биологион æрды   дыууæ адæймаджы   барвæнд  цæдис, кæцы  æмæлон у Гуырдзыстоны  закъондæттынадæй бæрæг  нормæтимæ.  Æндæр хуызы  цæдисты, куыд  къайады регситраци кæнæ   барадон актæй  къайадæй банымад   æнæруадзгæ у.