Германийы президенты пресскуысты хъусинагæй, бадзырдты рæстæджы Франк-Вальтер Штаймайер бузныг загъта Саломэ Зурабишвилийæн йæ дырыс  проевропаг позицийы тыххæй
Германийы президенты пресскуысты хъусинагæй, бадзырдты рæстæджы Франк-Вальтер Штаймайер бузныг загъта Саломэ Зурабишвилийæн йæ дырыс проевропаг позицийы тыххæй

Германийы президенты пресскуысты информацийæ,  бадзырдты рæстæджы Франк-Вальтер Штайнмайер   бузныг загъта Саломэ Зурабишвилийæн  дырыс  проевропаг позицийы  тыххæй.

Ацы рæстæджы  уый хъыгдзинад равдыста Евроцæдисы уæнгсуæвыны  процессы  Гуырдзыстоны  фæстæмæцыды  тыххæй.   Германийы  президенты   пресскуысты  ахæлиугонд информацийы  куыд  дзырдæуы  афтæмæй, Германийы Федералон президент  райхъусын кодта, цæмæй хицауад  уымæй  азар æвзæрын кæны историон  фадатæн.

Германийы президенты веб-фарсыл  публикацигонд  пресрелизы  куыд у банысангонд  афтæмæй, 2023  азы  кæронæй  Гуырдзыстонæн ис  Евроцæдисы  уæнгдзинады  кандидаты статус. 2024 азы   уалдзæджы бæстæйы хицауад райста  цалдæр  закъон, кæцы  Евроцæдисимæ  æрыввахс  куылымпы  кæны, дæнцæн, «Æргомдзинады закъон» хæсджын кæны   æнæхицауадон организациты, сæхи регистрацийы  ауадзой, куыд  фæсарæйнаг тыхы минæвæрттæ  афтæ, кæцы  бæстæйы  протестон ралæудтæ  расайдта.

«Президент Зурабишвили  хицауады  къурсы ныхмæ рацыд. Уый  йæ фарс хæцы  оппозицийæн бæстæйæн. Парламентон   æвзæрстытæ Гуырдзыстоны октябры  кæрон ацæудзысты», – банысангонд у Германийы президенты пресскуысты  фидиуæны.