Саломэ Зурабишвили – Бакæсæм, куыд аргъ скæндзысты æндæр æмæ æндæр æнæхицауадон цæстдарæг мисситæ æмæ уый бындурыл фендзыстæм цавæр аргълæвæрд æмбæлы ЦÆК-ы куыстæн
Бакæсæм, цавæр уыдзæн аргълæвæрд æндæр æмæ æндæр æнæхицауадон цæстдарæн мисситы æмæ уый бындурыл фендзыстæм, куыд аргълæвæрд скæнын хъæуы ЦÆК-ы куыстæн – уый фæдыл Гуырдзыстоны президент, Саломе Зурабишвили Фыццаг Гуырдзыстоны каналы журналисты фарсты зуаппæн загъта.
Журналисты фарстыл зæгъгæ – «АИШ-ы минæвар æрæджыйы интервьюйы расидтис, цæмæй йыл стыр тæлмæн скодта ЦÆК-ы куыст, æмæ сын мах дæр æххуыс кæнæм сæ куыстæн. Ам ма нæ бон у зæрдыл æрлæууын кæнын OSCE/ODIHRы фæстаг хатдзæг, кæцы комкоммæ баст у ЦÆК-имæ. Цы уыдзæн уæ позици ЦÆК-ы бæрæггæнæнты фæдыл, кæцытæ рапарахат уыдзысты 26-æм октябры изæры, цыфæнды ма уа, уый нымæцы, зæгъæм, хицаугæнæг командæйы уæлахизы цауы?» Саломэ Зурабишвили сдзуап кодта:
«Мæнмæ ис иу тынг серьозон критикæ ЦÆК-ы куыстæн, æмæ уый хауы нæ æмбæстæгтæм фæсарæнты. Æппæт дæр арæзт æрцыд, цæмæй æвзæрстыты æххæстæй ма райсой хайад. Иу милуанæй сæхи ныффыстой æрмæст 100 мины, уый дæр стыр зындзинæдты рæстæджы. Ног фадгуытæ нæ байгом, кæд æмæ закъоны фыст æппæт уавæртæ дæр æххæстгонд æрцыдысты, æмæ уымæ æнæкæсгæйæ, ЦÆК-сæ нымадмæ дæр нæ айста. Уымæ гæсгæ, дæ аргълæвæрд ЦÆК-æн у æмбæрстгонд, фæлæ æххæст нæу. Фендзыстæм, ЦÆК-ы хатдзæг куыд уыдзæн, уый. Цавæр аргъ скæндзынæн, уый дын рагацау куыд хъуамæ зæгъон? Бакæсæм, куыд ацæудзысты æвзæрстытæ, цы уыдзæн аргълæвæрдтæ æндæр æмæ æндæр æнæхицауадон, цæстдарæн мисситæй, кæцытæ бæстæйы ис. Ууыл бындурæвæрдæй фендзыстæм, куыд хъуамæ уа аргълæвæрд ЦÆК-ы куыстæн», -расидтис Саломэ Зурабишвили.