Саломэ Зурабишвили, бæстæйы айтынггонд фæзындты фæдыл телефонæй фæныхас кодта Шарль Мишелимæ
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили, бæстæйы айтынггонд фæзындты фæдыл, Европаг Советы президент, Шарль Мишелимæ телефонæй фæныхас кодта.
Президенты администрацийы информацийæ, Саломэ Зурабишвили хаххгондæй банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстоны ничи ахизын кодта Европаг фæндагæй, кæцы Европæйæн дæр æнæкъаддæр ахсджиаг у.
«Гуырдзыстоны президент Еволпаг Советы президентимæ уæрæх телефонон дзырды рæстæджы æркастис: « Бæстæйы айтынггонд фæзындтæ, Гуырдзыстоны европаг интеграци æмæ йæ куылымпыгæнæг фактортæ, цахæмдæр сты парламентон фылдæрты æрдгæй дыккагæй æрбаздахгæ «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъонопроект, ацы закъонопроекты тыххæй дыууæ къуырийы дæргхы цæугæ æнæаскъуынгæ адæмон протест, Гуырдзыстоны партнерты æмæ хæлæртты фарсхæцыны нысаниуæг бæстæйы, Европаг интеграцийы фæндагыл» – банысангонд у президенты администрацийы ахæлиугонд информацийы.