Саломэ Зурабишвили - Арвы цæфау мын уыд Стамбулы æрцæугæ спырх, тæфæрфæс кæнын фæмардуæвджыты бинонтæн æмæ æмæнкъард сидын президент Эрдогъанæн æмæ Турчы цæрджытæн
Арвы цæфау мын уыд Стамбулы æрцæугæ спырх, – уый фæдыл Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили фыссы социалон хызаджы.
«Арвы цæфау мын уыд Стамбулы æрцæугæ спырх. Тæфæрфæс кæнын фæмардуæвджыты бинонтæн æмæ æмæнкъард сидын президент Эрдогъанæн æмæ Турчы цæрджытæн» фыссы Саломэ Зурабишивили «Твиттеры».
Стынд Стамбулы центры Истиклалы уынгыл знон æрцыд. Фæстаг информацийæ стынды фæстиуæгæн 8 азæймаг амард 81 та фæцæф сты. Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ, Гуырдзыстоны æмбæстæгты фæцæфы фæдыл информаци генералон консуладмæ нæ бацыд.