Саломэ Зурабишвили – арф хъыгдзинад æвдисын ныгуылæн Гуырдзыстоны стихийы фæстиуæгæн фæмардуæвæг адæймæгты тыххæй, тæфæрфæс кæнын сæ бинонтæн æмæ хæстæджытæн
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Багъдаты хъæу Нергееты стихийы фæтсиуæгæн фæмардуæвджыты тыххæй, хъыгтæ дзуры æмæ тæфæрфæс кæны сæ бинонтæн æмæ хæстæджытæн.
«Арф хъыгдзинад æвдисын ныгуылæн Гуырдзыстоны стихийы фæстиуæгæн фæмардуæвæг адæймæгты тыххæй. Тæфæрфæс кæнын ацы уæззау минутты сын фарсхæцын æвдисын сæ бинонтæн æмæ хæстæджытæн.
Ныфс мæ ис, цæмæй стихийы чи фæцис, уыцы адæймæгтæ, кæцыты фервæзын кæнын архайынц нæ ирвæзынгæнджытæ, цырдæй æмæ æнæзианæй æрыздæхдзысты сæ бинонтæм», – фысы Зурабишвли социалон хызаджы.
Багъдаты хъæу Нергееты сыджытлæсæн æхсæвы рæгмæ рацыд æмæ цыппар хæдзары ахаста. Ацы рæстæгмæ ссардæуыд цыппар мардыбуар, аирвæзын кодтой иу æмбæстагы, дарддæр кæны фондз адæймагы агуырд.