Саломэ Зурабишвили – Алкæйдæр нæ хъæуы уа сабырдзинад æмæ сæрибардзинад куыд уа уый, уымæ гæсгæ дæр нæ хъæуы Европæ
Пырх нæ фæлæ арæзтад. Цагъар нæ фæлæ сæрибардзинадзинад. Быцæудзинад нæ фæлæ Иудзинад. Хæст нæ фæлæ Сабырдзинад. Ацы принциптыл уыд арызт Европæ æмæ æрхæццæ ис абоны онг – уый фæдыл Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Европæйы бонмæ гæсгæ Евроцæдисы минæварады организацигонд мадзалыл дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
Афтæма йæ дзырдæй, гуырдзыйаг адæмы растдæр ацы принципты тыххæй фæнды Европæ, кæцымæ дæр тырны.
«Дунейы истори нæ зоны ахæм организаци, кæцыйæн бантыстис стыхджын уын æмæ ауæрæх кæнын хæстæй нæ, нæдæр экспансийæ, фæлæ уырдæм бацæуæг субъектты фæндонæй æмæ сæрибар фæндæй» – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.
Зурабишвили афтæдæр фæныхас кодта Украинайы цæугæ фæзындтыл æмæ банысан кодта, цæмæй абон Европæ иттæг уæззау быцæусидты раз лæууы. Йæ фидиуæнæй, зæгъгæ Уæрæсе хæст расидтис æнæрмæст Украинайæн, фæлæ ма алы уыцы принципæн, кæцытыл лæууы Европæ – æхсæнадæмон барады закъонтыл, алы паддзахады суверенондзинады æмæ территорион æнæхъæндзинадæн цытлæвæрдæн, рæстдзинадæн, демократийæн.
«Ацы расидтыл Европæ ратта сеппæтæй фидар дзуапп: Европæйы 27 уæнг бæстæйы æнгом иудзинад. Ратта сеппæтæй аккаг дзуапп: фæхатыр нæ, фæбарын нæ, арæхстдзинад нæ æмæ нæй реалондзинадæй хиаиуварс кæнын, эгоизм дæр нæ, фæлæ солидарондзинад, кæцы абон ахызтис Евроцæдисы арæнтæй æмæ аххæссыд фыццаджы дæр Украинамæ, афтæма Молдовæ æмæ гуырдзыстонмæ, кæнæ та ноджы ма Ныгуылæн Балкантæм. Ацы цæсгомджын Европæ у уый, кæцыимæ нæ баиу кæнынимæ разы у нæ цæрджыты 88%. Ай у фидар Европæ, кæцымæ сæрмагонд тых, хæстæй нæ фæлæ сабыр рæзынадæй æфты. Растдр уыцы Европæ у, кæцы нæ йæхимæ ласы æмæ кæцымæ дæр тырнæм. Абон та Украина йæ сæруæлдай, æхсарджын, хихъахъхъæнынадон тохæй рануæг кодта æмæ фæтагъд кодта Европæмæ фæндаджы фегом. Украина æмæ алкæцы украинаг, кæцы йæхи нывонд кæны сæрмагонд паддзахад бахъахъъхæнынæн, ацы рæстæджы йæхи нывонд кæны æмæ хæцы мах, Æнæхъæн Европæйы сæрибардзинадæн, сæрмагонд æмæ нæ европаг фæндаджы тыххæй. Мах тыххæй нывондагæн аргъ скæнын хъуамæ зонæм, арфæгæнæг хъуамæ уæм æмæ солидарондзинад у нæ хæс. Абон хæсджын стæм, зонæм куыд слæууæм йæ фарсмæ Украинайæн, куыд равдисæм солидарондзинад æмæ ацы солидарондзинады европæгтимæ фæрсæй-фæрстæм лæууæм» – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.