Саломэ Зурабишвили Ахалкалакийы гуырдзиаг абетæй пано бæрæгбононæй байгом кæндзæн
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили, кæцы мадæлон æвзаджы бонмæ гæсгæ Самцхе-Джавахеты регионмæ фæуазæг ис, абон фембæлдтæ дарддæр кæны.
Гуырдзыстоны президенты администрацийыинформацийæ, президент Ахалкалакийы гуырдзиаг абетæй пано бæрæгбононæй байгом кæндзæн æмæ бынæттон цæрджыты раз дзырдæй ралæудзæн.
Афтæдæр мадæлон æвзагмæ гæсгæ Саломэ Зурабишвили Зураб Жваниайы нормыл паддзахадон администрирдзинады скъолайы æнтыстджын курсфæудгондты схорзæхджын кæндзæн æмæ конкурсы уæлахизгонд скъолайы ахуыргæнинæгты рабæрæг кæндзæн.
Гуырдызстоны президент регионты райтынгы æмæ гуырдзиаг кондад баахъаз кæныны нысанæй, Самцхе-Джавахеты архайæг компанитæ абæрæг кодта æмæ паддзахадон программæ «Араз Гуырдзыстоны» баст амалиуæгдæрттимæ фембæлд.