Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили АИШ-æн арфæ кæны Хæдбардзинады бон.
Саломэ Зурабишвили куыд банысан кодта афтæмæй, зæгъгæ 244 азы размæ Америкæйы Иугонд Штаттæ къух бафыста хæдбардзинады декларацийыл.
«Ацы бон кæцыфæнды нацийы историйы иттæг нысаниуæгджын бон у, æнæ æрмæст йæ символикæйæ, ома хæдбардзинады бон у, фæлæ ма уый тыххæй дæр, цæмæй ацы бон хæссы хæзна, кæцыйы алыварс иу кæны наци. Ацы хæзнатæ зоны æппæт дуне – сæрибардзинад, хæдбарад, адæймаджы бартæ, демократи, адон сты уыцы хæзнатæ кæцытæ нæ иу кæнынц Америкæимæ, кæцытимæ хайджын стæм мах дæр. Адон сты хæзнаты кæцыты ныффыстам конституцийы Хæдбардзинад райхъусын кæнын фæстæ, кæцытимæ цæуæн нæ рæзынады фæндагыл. Зæгъæн ис 30 азы дæргъы фæндагыл, Америкæ Гуырдзыстонæн йæ фарсмæ лæууы æмæ нæ евроатлантикон интеграциимæ разы у, æнцой дары нæ территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн. Нæ æфсæддон райрæзтæн, сæ ролимæ фæнды фæсарæйнаг мисситы флæгæтты амеркиаг æфсæддтимæ иумæ, ай у уыцы иуæймаг солидарон фæндаг, кæцы рацыдыстæм АИШ-имæ иумæ» – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.