Саломэ Зурабишвили - Æз уыдзынæн толерантдзинады, бирæгъуызондзинады президент
Æз уыдзынæн толерантдзинады, бирæгъуызондзинады президент – уый фæдыл президенттæм хæдбар кандидат, Саломе Зурабишвили, Ахметайы муниципалитеты æвзæрстгæнджытимæ фембæлдыл райхъусын кодта.
Зурабишвили Ахметайы цæрджытимæ уыцы приоритетты тыххæй фæныхас кодта, цæмæн зæгъгæ цæй тыххæй йæ æрфæндыд политикæмæ æрбаздæхын.
«Æз уæм фæцæфуын ныфсы тыххæй, уый у змæлынгæнæг тых адæймагæн кæнæ бæстæйæн, æмæ нын ис бирæ бындур, цæмæй уæм ныфсджын æмæ ацы бæстæйæн дæр ис бар фидæнмæ ныфсы цæстæй кæса.
Абоны бон цы ныфс дарæм, уый у нæ иумæйаг толерантондзинад. Уый у иттæг нысаниуæгджын, кæрæдзийæн цыт у фылдæр нысаниуæгджын уым, цыран æндæр æмæ æндæр равзæрды адæймæгтæ иумæ цæрынц. АБон мæ турнэйы рæстæджы æртыккаг хатт куы фехъустон æвзаг кæцы не æмбарын, раст уымæй бæрæг у Гуырдзыстоны бонджындзинад. Мах кæрæдзийы æмбарæм, æнæкæсгæ уымæ æмæ хаттæй-хатт æндæр æмæ æндæр æвзæтыл ныхас кæнæм. Гуырдзыстон йæхимææ бавæрдта ацы æвзæгтæ. Æнæрмæст æвзæгтæ, кæцытыл æндæр паддзахадты дæр дзурынц, фæлæ уыдæттæ дæр кæцытæ ма æрмæстдæр ам баззадысты. Уый у сегасæй зынаргъ дæр хæзна æмæ нæ иуæй-иу знаг æнхъæлы, цæмæй ацы биргъуызондзинадæй стæм æдых, ацы рæстæджы та раст уый мидæг ис нæ тых.
Æз уыдзынæн толерантдзинады президент. Ай у Гуырдзыстоны хæзна, кæцыйы æз куыд президент, хæсджын уыдзынæн бахъаххъæнон. Уæлдайдæр Гуырдзыстоны идентондзинад раст ууыл æнцойæвæрд у» – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.