Саломэ Зурабишвили – æз разы нæ дæн уыдонимæ, кæцытæ ацы æвзæрстыты хайад исынц, ай уыд æппæрст темæ æмæ оппозицийы ма хъуамæ дих кодтаид
Æз разы нæ дæн уыдонимæ, кæцытæ ацы æвзæрстыты хайад исынц, ай уыд æппæрст темæ æмæ ма хъуамæ уыдаит оппозицийы дих – уый фæдыл Гуырдзыстоны раздæры президент, Саломе Зурабишвили иуæй-иу медийы эфиры расидтис.
Саломе Зурабишвилийы ныхæстæм гæсгæ, иудзинад алкæмæй сæйрагдæр у.
«Æз алы хатт дæр дзурын æмæ фæлхат кæнын, цæмæй алы ран дæр уыдзынæн, кæм ис иудзинад. Уымæ гæсгæ мæ уырны, цæмæй 13-æм сентябры хъуамæ уа тынг серьозон иудзинад, уыдзæн иудзинад 4-æм октябры дæр. Æз уыдзынæн алы ран, цыран алчидæр уыдзæн æмæ уыдзæн иудзинад. Гæнæн ис æмæ иуæй-иу ныхæстæн æххуыс ма кæнон, уымæн æмæ ацы хицауадæн ма хъуамæ раттæм исты аххос йæ дестабилизацийы сценаритæ. Афтæ дæр, мæ зæрдæмæ нæ фæцыдаид, цы æрцыд ацы æвзæрстыты алыварс. Æз хъуыды кодтон, цæмæй æвзæрстытæ æппындæр нæ хъуамæ уыдаиккой нæ темæ, уый уыд æппæрст темæ æмæ уый фæдыл оппозицийы дихдзинад ма хъуамæ уыдаид Æз разы нæ дæн, ацы æвзæрстыты хайад чи исы, уыдонимæ, мæнмæ гæсгæ, уый æнæмæнгхъæуæг нæу, уымæн æмæ ацы æвзæрстытæ ницы сты. у æвзæрстыты симулякр æмæ цæмæдæр гæсгæ оппозицион партитæ бацыдысты ацы темæмæ Сæйрагдæр у иудзинад, иумæ лæууын» – райхъусын кодта Саломе. Зурабишвили.