Саломэ Зурабишвили – æндæр æмæ æндæр нациты æмцард у нæ æрвылбойнон царды хай æмæ уымæ чи бахъава, уый комкоммæ мысанмæ исы паддзахады стабилондзинад
«Тынг иу мæсты кæнын, куы иу дзурынц цæмæй Гуырдзыстонæн зæгъгæ ис президенттæм ахæм кандидат, кæцы быцæудзинадмæ цырын кæны æндæр æмæ æндæр этникон равзæрды адæймæгты» – райхъусын кодта Гуырдзыстоны президенттæм хæдбар кандидат Саломэ Зурабишвили, Хъазыбеджы æвзæрстгæнджытимæ фембæлдыл.
Зурабишвилийы ныхæстæм гæсгæ, уый чидæриддæр ахæм фидиуæнтæ аразы у, æнæ æрмæст йæ ныхмæ фæлæ ма паддзахады ныхмæ дæр у.
«Æз иу хыл æмæ æлгъыстытæн дзуапп нæ дæттын, фæлæ мæ тынг рæхойы, хицæн ныхæстæ иу куы сисынц контекстæй æмæ афтæмæй архайынц этникон фыдзæрдæ ахаст райтауын. Уыдон фæзæгъынц, цæмæй Гуырдзыстонæн зæгъгнæ ис президенттæм ахæм кандидат, кæцы æндæр æмæ æндæр нацийы минæвар адæмты æхсæн цырын кæны фыдзæрдæ ахаст. Ацы темæ у Гуырдызстонæн тæссаг. Уый чидæрридæр ахæм митæй архайы, æнæ æрмæст мæ ныхмæ, фæлæ ма у Гуырдзыстоны ныхмæ дæр.
Цыма интеллектуалон журналтæй иуæй-иу ахæлиу кодта ахæм информаци æмæ ме æмбарынгæнæнтæ нæ бафтыдта. Уый æххæссыд дывæрон æмбæстагдзинадмæ, кæцыйы фæдыл дзырд уыд уымæй раздæр æмæ дзырд куыд уыд ног закъон æмæ конституцийы. Абоны реалондзинады æххæст фактон радзырд куыд у ахæм.
Нæ бæстæ у тынг деликатон, ам цæрынц æндæр æмæ æндæр нацитæ æмæ уый у нæ царды хай, нæ паддзахады хай, æмæ ац ытемæмæ чи бавналы уыдоны фæнды, сæ паддзахады стабилондзинад комкоммæ мысанмæ сисын» – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.
Уымæй дарддæр ма йæ ныхæстæм гæсгæ, уый уыдзæн Гуырдзыстоны ахæм президент, кæцы йæ аргъдзинæдтæ нæ ферох кæндзæн.
«Азербайджайнаг газетты фыссынц, цæвитон сомихæгты фарс хæцын æмæ вæццæгæн сом сомихаг газетты ныффысдзысты цæмæй æз бынтон æндæр искæй фарс хæцын. Уый у сеппæтæй стыр халæн гарз æмæ ахæм халæн гæрзтæй Гуырдзыстоны ныхмæ спайда кодта империалистон Уæрæсе.
Фæдзæхсын дзыллæ, ма бакомут ахæм провокацитæн.
Æз уыдтæн регионты, цы ран иумæ цæрынц адæймæгтæ æндæр æмæ æндæр нацийæ, æндæр æмæ æндæр дины адæм, æмæ сæ иунæг хъуыды у алкæмæндæр, цæмæй нæ æмцард у – Гуырдзыстоны тых æмæ фидардзинад.
Мах алцыппæт уый бахъахъъхæндзыстæм, уымæн æмæ æз уыдзынæн толерантон, нырыккон европæйаг æгъдауы президент Гуырдзыстонæн» – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.