Саломэ Зурабишвили - абон, дыууæдæр фарс, позици æмæ оппозици дæр рæдийынц сæрмагонд бæстæйы раз
Абон дыууæдæр фарс, позици æмæ оппозици дæр бирæ рдийынц, æмæ рдийынц бæстæйы раз – уый фæдыл гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили, парламенты афæдзон раныхасыл дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
ЙÆ дзырдæй, зæгъгæ фылдæртæ, фидыд агурыны бæсты, чидæриддер семæ разы нæу, гадзрахатгæнæгæй кæнæ та хæсты партийæ схонынц, оппозици та, фидыд агурыны бæсты, хицауады кæцыфæнды фидиуæны, кæнæ уынаффæйы, аппеляцитæй цух проуырыссагæй хоны.
«Хицауад рæдийы уый равдисын куы не уунды, кæцыйы нæ истори æмæ намыс нын амонц уæд. Уый сраст кæнн гæнæн нæй. Сæрхызтдзинады кæнæ тарсты иунæг аргумент дæр не сраст кæндзæн уый, цææмй цæсгомджытæй, дзырдæй уæддæр лæууай уым, цы арн сты намыс æмæ гуырдзыйаг адæймаджы джелбетт!
Хицауад рæдийы, ацы скуыддзаггæнæг моменты, бæстæйæн историон куырдиат, иуæймаг къухфыстæй фидар куы нæ бавдыста Европæмæ, куыд æххæст паддзахадон консолидацидзинады нысан æмæ национ разыдзинады фыццаг къахдзæф, фæлæ ма хуыздæрыл банымадта йæхи сыхгæнын æмæ иунæгон къухфыст саразын.
Хицауад рæдийы, партийæн куыдæтты уæлидзинад паддзахадон институтты бæсты уынаффæтæ рахæссыны, кæнæ публикацийы. Паддзахадон уагдæтты æхсæн сæйраг уынафæтæ иуæймагæй куы не ркæсынц æмæ информаци нæ зонын кæнынц. Искæй абуырндзæни, цæмæй ацы уззау æмæ сæрмагонд уавæрты, иу хатт дæр нæ рымбырд ис æдасдзинады совет, иу хатт дæр нæ сырæзт иуæймкагæй каст æфсæддон æртхъирæнтæ бæрзонддæр сæйрагкманадыгæнæгимæ иумæ. Æнæаргъæвгæйæ рараст кæнын хъæуы ацы зныаггадгæнæг формæтæ!» – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.
Афтæма йæ фидиуæнæй, оппозици рæдийы Брюсселы, Киев кæнæ Америкæйы куы арпхайы бæстæйы дискредитаци скæнын.
«Оппозици рæдийы, Брюсселы, Киев кæнæ Америкæйы йын куы вæййы архæйдтытæ, цæмæй Гуырдзыстоны ном фегад кæна æмæ бæстæ афтæ равдиса, цæвиттон намысы бæсты нæм тарст хуыздæр кæсы. Цæвиттон не стæм Евроцæдисы уæнгсуæвыны аккаг, нæдæр НАТО-йы æмæ Америкæйы партнерады аккаг. Кæнæ та фыддæр, куы бæлвырд кæны, цæвитон хицауад – æмæ уый адыл бæстæ – фæивдтон проныгуылæйнаг къурс! Уый у дæ бæстæ æмæ адæмы æфхæрд, Вашингтоны дæ бæстæйы куы аххосджын кæныц æмæ дæбæстæйы сæрылд фысым куы рахæцы уæд. Ахæм политиконæй мотивацигонд бырст, æрмæст хицауадæн нæ фæлæ знаггад кæны бæстæйæн дæр, æмæ афтæмæй, знаджы хъуыддаг аразыс!
Оппозици рæдийы, пъъæлицæ мæ æпъæлицæйæгты куы бафхæры уæд. Уый у институт,кæцыйыл æвæрд ис бæрн, бæстæйы стабилондзинад æмæ æдасдзинад фидар кæныны рдгæй. Уæлдайдæр ацы иттгæ ныттынггонд периоды. Уыдонæн фарсхæцын æмæ цыт кæнын хæсджын стæм алчи æмæ фыццаджы дæр, адæмы æвзæрст чи сты уыд! Гъе ныри цы афон «кетчуптæ» æмæ «ссадæн»? удæттæ иууылдæр сты «Фидиссаг» митæ»
Оппозици рæдийы, радикалон мадзæлтты кой куы кæны æмæ уымæй архайы хицауад фенкъуысын кæнын, кæнæ сырæзт æхсæнадæмон уавæры фæрцы сæрмагонд политикон бонвæтк сыххæст кæнын. Ацы рæстæджы та бæстæйы ласы къуымау уавæрмæ æмæ гæнæнæ ис тæссаг уавæрмæ дæр афтæ цæмæй уый фæдыл бæрн йæхимæ нæ исы. Баиу кæныны дзургæйæ æмæ реалонæй та политикон маст исын æмæ провокацитæ, бар-æнæбары нæ уадзы.
Фæлæ разы дæн дыууæимæ дæр, хицауадимæ, цææмй бæрæг сæрхызтдзинад хъæуы æмæ оппозициимæ цææмй бæрæг уæндондзинад равдисын нæ бон у» – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.