Саломэ Зурабишвили – абон  æрмæст иу план мын ис ацы  бæстæйæн афæдзы кæрон кандидаты статус  самал кæнын, ацы нысанмæ фæндагыл мæ ничи æмæ ницы бауромдзæн
Саломэ Зурабишвили – абон æрмæст иу план мын ис ацы бæстæйæн афæдзы кæрон кандидаты статус самал кæнын, ацы нысанмæ фæндагыл мæ ничи æмæ ницы бауромдзæн

Абон æрмæст иу план мын ис  æмæ ацы план  у бæстæйæн  афæдзы кæронмæ  кандидаты статусы раттын кæнын, –  уый фæдыл   Гуырдзыстоны   президент Саломэ Зурабишвили парламенты райхъусын кодта, цы ран   президенты импичменты процедурæйыл тæрхон кæнынц.

Саломэ Зурабишвили  куыд банысан кодта афтæмæй,  «Ацы нысанмæ фæндагыл мæ ничи æмæ ницы фæкуылымпы кæндзæн».

«Гуырдзиаг адæм рагæй  сарызтой сæ æвзæрст  æмæ уымæн стыр аргъ дæр бафыстой, абоны онг ацы  æвзæрсты иузæрдыг сты æмæ кæддæриддæр бæлвырд кæнынц æмæ  хъахъхъæнынц  сæрмгаонд европагдзинад.  Макæй бауырнæт, цæмæй ацы  адæмы исчи ахизын кæндзæн Уæрæсейы фæндагыл  æмæ исчи сæ тыхыбын бакæндзæн нæй зæгъын  йæ альтернативæ цæмæн нæй ахæм фидæныл», – райхъусын кодта Зурабишвили.