Саломэ Зурабишвили 9 тæрхонгондæн ныххатыр кодта
Саломэ Зурабишвили 9 тæрхонгондæн ныххатыр кодта

Гуырдзыстоны президент, Саломэ Зурабишвили абон 9 тæрхонгонд адæймагæн ныххатыр кодта.

Президенты пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй ныххатыргонд адæймæгтæй фондз тæрхонгонды æххæстæй ссæрибар кодтой, ахæстоны фæбадыны хуызы цы тæрхон снысан кодтой, уый æххæст кæнынæй.

Сæ информацимæ гæсгæ, æфхæрдæххæстгæнæн уагдоны æххæстгæнинаг тæрхонæй баззайгæ æмгъуыд фæкъаддæр ис цыппар тæрхонгондæн, се æхсæн иу сылгоймаг тæрхонгонд.